Калак (Цæгат Ирыстон): различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 88: Рæнхъ 88:
{{Алагиры районы цæрæнрæттæ}}
{{Алагиры районы цæрæнрæттæ}}


[[Категори:Цæгат Ирыстоны хъæутæ]]
[[Категори:Алагиры районы цæрæнрæттæ]]
[[Категори:Алагиры районы цæрæнрæттæ]]

Фæлтæр 12:15, 22 январы 2022

Хъæу
Калак
42°39′42″ с. ш. 43°49′56″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекс 363203
Калак (Цæгат Ирыстон) (Уæрæсе)
Калак (Цæгат Ирыстон) (Цæгат Ирыстон)

Калак кæнæ Мамысон[2] у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Мамысонгомы.

Истори

Къамцыхойæ Згъилы ’хсæн хуымгæнд зæххыты астæу Бубы комы доны рахиз былыл, стыр къуыппыл Калачы хъæуы цардысты Гайтæ, Кучитæ, Гаматæ, Тедетæ, Туатæ æмæ Елойтæ. Аппиты хуымтæ, Калачы хъугом, Хъæзджын хуым, Уæлцæндтæ æмæ Пæрæстаты хуымтæ уыдысты сæ цардыхос. Хъæзджын, Зæнгты, Мæсты, Бубы æмæ Хъарабæгъайы суæрттæ — сæ адджын нуазинæгтæ. Сæ уыгæрдæнтæ: Бубылæгъз, Къуырфытæ, Лолайы уыгæрдæн æмæ Цъыфтæ уыдысты æнцонгуыст. Хæстæг æмæ сойджын уыдысты сæ сæрвæттæ: Гайы хуссар, Джергаты къахыр, Рæгъаудон, Бубы ком, Гуылхæрæн, Басайы адаг æмæ Булкъаты къахыр. Бубы комы æмæ Хуыскъададжы дæттæ — сæ фарсмæ. Хъæуы астæу ма ис Калачы райдайæн скъолайы агъуыст. Хъæуы цæрæг адæм 1944 азы быдырмæ куы алыгъдысты, уæд скъола сæхгæдтой. Ныртæккæ дзы ис Зæрæмæджы турбазæйы бивуак. Зæрæмæгæй Шовмæ фистæгæй цæуæг 42-æм маршруты туристтæ æхсæвиуат кæнынц ам.

Бивуачы хицау у Гайты Тугъаны фырт Юрий; йæ размæ йæ фыд Тугъан цалдæр азы уыдис ацы куысты. Уымæн та йæ ныууагъта йæ фыд Ахберд. Ахберд 20 азæй фылдæр фæкуыста Калачы сæрмæ, Мамысоны æфцæгмæ хæстæг фæндаджы был Мухкъойы туристтæн цы хæдзар уыдис, уый хицауæй.

1921 азы 11-æм æфсады хæйттæ Мамысоны æфцæгыл куы хызтысты, уæд сын уыдис фæндагамонæг ацы хъæуы цæрæг Гайты Уасил.

Уыцы бонты тыххæй Кировыхъæуы цæрæг Кучиты Бабо афтæ зæгъы: «Æз уæд мæ тæккæ лæппуйыл уыдтæн. Комахсæнты тæккæ хъызты æрбацыдысты æфсæддонтæ. Бæхæй, адæмæй сын бынæттæ куыннæ хъуыдаид. Алчи бахуыдта, цал лæджы фаг кодтой йæ агъуыстытæ, уал лæджы. Бæхтæн дæр бынæттæ, хос. Хæдзæртты чи нæ цыдис, уыцы æфсæддонтæ ма холлагдæтты дæр æрбынат кодтой. Мит уыдис æнæхъуаджы арф æмæ адæм, кæрæдзийы ивгæйæ, разæй æфсæрстой фæндаг, сæ фæстæ цыдысты бæхтæ, уыдоны фæстæ та дзоныгътæ æмæ сармадзантæ.

Мах цалдæр лæппуйæ барвæндонæй æфсæддонты хæссинæгтæй цас фæрæзтам, уый бæрц не ’ккæйтты ныххастам Глурмæ æмæ раздæхтыстæм фæстæмæ».[3]

Мыггæгтæ

Цардысты дзы Гайтæ, Елойтæ, Тедетæ, Туатæ, Гаматæ, Айлартæ.[4]

Сыхтæ

Калачы ис 3 сыхы:

  • Доны сых[2]
  • Басаты сых[2]
  • Тæнæг сых[2]

Фиппаинæгтæ

  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. 2,0 2,1 2,2 2,3 Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. 1975. II-æм том. 281 ф.
  3. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 95—96.
  4. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 246-æм ф.

Æрвитæнтæ