Къутугæнæн: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
чНет описания правки
Рæнхъ 2: Рæнхъ 2:


== Къутутæ-иу куыд скодтой ==
== Къутутæ-иу куыд скодтой ==
Кæрдзыны къутутæ ([[хордон]]) дæр уымæн кодтой. Къутутæ кодтой [[хъæбæрхор|хъæбæрхоры]] кæнæ мæнæуы ссадæй. Къутуты-иу куы сфыхтой, уæд-иу сæ хорæй (мæнæуæй, хъæбæрхорæй кæнæ [[сысджы|сысджыйæ]]) байдзаг кодтой, афтæ йедзаг, зæгъгæ, кæнæнт ацы аз нæ хордонтæ хорæй. Къутутæ-иу цас фылдæр скодтой, уыйас-иу хуыздæр уыд, уæд, дам, хъæздыг тыллæг æрзайдзæн.
Кæрдзыны къутутæ ([[хордон]]) дæр уымæн кодтой. Къутутæ кодтой [[хъæбæрхор|хъæбæрхоры]] кæнæ [[мæнæу]]ы ссадæй. Къутуты-иу куы сфыхтой, уæд-иу сæ хорæй (мæнæуæй, хъæбæрхорæй кæнæ [[сысджы|сысджыйæ]]) байдзаг кодтой, афтæ йедзаг, зæгъгæ, кæнæнт ацы аз нæ хордонтæ хорæй. Къутутæ-иу цас фылдæр скодтой, уыйас-иу хуыздæр уыд, уæд, дам, хъæздыг тыллæг æрзайдзæн.


== Ритуалон хай ==
== Ритуалон хай ==

Фæлтæр 20:49, 10 мартъийы 2014

Ирон адæмы уалдзыгон бæрæгбонтæм хауы къутугæнæн дæр. Уыцы бон-иу сцæттæ кодтой хæрд-нозт, скодтой-иу ритуалон гуылтæ, сæ формæ къутуйы хуызæн.

Къутутæ-иу куыд скодтой

Кæрдзыны къутутæ (хордон) дæр уымæн кодтой. Къутутæ кодтой хъæбæрхоры кæнæ мæнæуы ссадæй. Къутуты-иу куы сфыхтой, уæд-иу сæ хорæй (мæнæуæй, хъæбæрхорæй кæнæ сысджыйæ) байдзаг кодтой, афтæ йедзаг, зæгъгæ, кæнæнт ацы аз нæ хордонтæ хорæй. Къутутæ-иу цас фылдæр скодтой, уыйас-иу хуыздæр уыд, уæд, дам, хъæздыг тыллæг æрзайдзæн.

Ритуалон хай

Хæдзары хистæр-иу бацыдис къæбицмæ, æмæ-иу хордоны — къутуйы фарс бакъуырц-къуырц кодта кувгæ-кувын æмæ-иу загъта: нæ хордон дзаг уæд хорæй. Уыйфæстæ æвзонг фæсивæд ерыс кодтой милмæ æхсынæй. Къутуты æрæвæрдтой бæрæг ран æмæ сæ æхстой мысанмæ. Къутуйы фыццаг чи фæцæф кодтаид, уый дзы хъуамæ акомдзаг кодтаид йæ фесгуыхты нысанæн. Къутутæй-иу фылдæр чи рамбылдта, уымæн, дам, Уацилла йæ хортæ хорз æрзайын кæндзæн уыцы аз. Ахæм хъæлдзæг хъæзтытæ арæхдæр арæзтой, хъæуæй уыцы æввахс бонты чындзæхсæв чи скодта кæнæ-иу лæппу кæмæн райгуырд, уыдон хæдзары.

Куыд кæсæм, афтæмæй Къутугæнæны стырбон хауы аграрон культы бæрæгбонты къордмæ. Йæ динон нысан уыдис: хъæздыг тыллæг æрзайын кæнын, къутутæ-хордонтæ хорæй йедзаг кæнынмæ тырнындзинад. Ацы хабар афтæ кæй уыд, ууыл ма дзуры, Ирыстоны бирæ рæтты ацы стырбоны къутутæй уæлдай хыссæйæ дзывыры хæйтты фигурæтæ дæр кæй кодтой, уыцы фæтк. Сывæллæттæй-иу ацы нывгонд гуылтæй кæй фæци, уый-иу йæхи нымадта амондджыныл.

Литературæ

Фиппаинæгтæ