Куырттаты ком: различия между версиями
ч Бот схафта 1 æвзагы æрвитæны, кæцытæ Викирардты нырид сты ацы фарсы: d:q7247244 |
|||
Рæнхъ 28: | Рæнхъ 28: | ||
[[Категори:Куырттаты ком|*]] |
[[Категори:Куырттаты ком|*]] |
||
[[Категори:Алагиры район]] |
[[Категори:Алагиры район]] |
||
[[ru:Куртатинское ущелье]] |
Фæлтæр 18:58, 2 апрелы 2013
Куырттаты ком у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хай. Куырттаты ком у къæдзæхты бæстæ.
Ис дзы тынг бæрзонд хæхтæ: Тъепле (йæ бæрзæнд у 4431 м), Сырхыбæрзонд (4148 м), Захъайы хох (3709 м), Хъæриуы хох (3438 м), Тыбауы хох (2780 м) æмæ рæгътæ — Чызджыты фæндаг, Цъæритгом, Бæхтылæппарæг, Хосæврагъ.[1] Уыдонæн сæ бæрзæнд хæццæ кæны 3000 метрмæ.
Комы цæуы Фыййагдон (Фыййаджы дон дæр æй хонынц), Уырдæм кæлынц Карцадон, Джизидон, Лæцыдон, Цъæритдон, Цъæззиуыдон, Дзамарас æмæ бирæ суадæттæ[2]. Дзывгъисæй дæлæмæ Быдыры Дзуарыхъæуы онг Фыййагдоны фæйнæфарс зайынц бæлæстæ (тæрс, тулдз, сусхъæд, фатхъæд, фæрв, æхсæр æмæ æндæртæ). Куырттаты комы бынæттон хиуынаффæйады администраци у Уæллаг Фыййагдоны; уымæн цы хъæутæ хауы, уыдонæй цæрджытæ кæм ис, сты: Уæллаг Фыййагдон, Бæрзыхъæу, Лæц, Дæллагхъæу, Уырыхъæу, Цымыти, Хидыхъус, Хохы Дзуарыхъæу, Хæрисджын, Дзывгъис æмæ посёлок Хуссайраг. Æдæппæт ацы хъæуты цæры 1450 адæймаджы.
Гуысыра æмæ Тæгæрдон хауынц Дзуарыхъæуы администрацимæ[кæцæй ист у?].
Куырттаты комы хъæуты æрцардысты 169 мыггаджы[2].
Æдзæрæг хъæутæ
1780-æм азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Куырттаты комы адæм цардысты 21 хъæуы 807 хæдзары. 1812-æм азмæ ма комы баззадис 708 хæдзары. 1884-æм азы сфыстмæ гæсгæ комы хъæуты хæдзæрттæ æдæппæтæй уыдысты 496, цардис дзы 4867 адæймаджы.
Куырттаты комæй бирæ хъæутæ федзæрæг сты. Уыдоны ’хсæн Хилакъ, Гули, Калотыхъæу, Къадат, Къора.