Сау хъæлæрдзы: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч r2.7.1) (Робот бавæрдта: fa:انگور فرنگی سیاه
LaaknorBot (ныхас | бавæрд)
ч r2.7.3rc2) (Робот бавæрдта: is:Sólber
Рæнхъ 82: Рæнхъ 82:
[[hu:Fekete ribiszke]]
[[hu:Fekete ribiszke]]
[[io:Kasiso]]
[[io:Kasiso]]
[[is:Sólber]]
[[it:Ribes nigrum]]
[[it:Ribes nigrum]]
[[ja:クロスグリ]]
[[ja:クロスグリ]]

Фæлтæр 00:14, 21 январы 2013

Сау хъæлæрдзы
Сау хъæлæрдзы
Сау хъæлæрдзыйы къудзи
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Magnoliophyta
Кълас: Magnoliopsida
Къорд: Saxifragales
Бинонад: Grossulariaceae
Мыггаг: Хъæлæрдзы
Хуыз: Сау хъæлæрдзы
Латинаг ном
Ribes nigrum L., 1753
ITIS 24488
NCBI 78511

Сау хъæлæрдзы (лат. Ribes nigrum) хауы хъалгъæнты бинонадмæ (латинаг классификацимæ гæсгæ Grossulariaceae). Йæ къудзиты бæрзæнд хæццæ кæны 1–1,5 метрмæ. Йæ зæнгæй къалиутæ кæмæн разайы, ахæм бæлас нæу. Гъе, фæлæ Цгъойты Иосиф 1940 азы Сæйраг Тяньшаны хæхты федта егъау, бæласгъуыз чи уыд, сау хъæлæрдзыйы ахæм хуызтæ дæр. Сæ бæрзæнд, дам, уыдаид 3-4,5 метры æмæ-иу ахæм бæлæстæй æртыдтой 2-3 бедрайы гагатæ. Ахæм хъæлæрдзы ма федтой Бæрзæфцæджы фале Хъуды комы дæр. Уым стыр дуррæдзæгъдтыл задис æмæ ныр дæр фенæн ис бæласæнгæс ахæм егъау хъæлæрдзытæ. Уымæ гæсгæ, æвæццæгæн, хъæлæрдзыйы райгуырæн бынæттæ сты Кавказ æмæ Тяньшаны хæхтæ.

Бирæ ахуыргæндтæ куыд рахатыдтой, афтæмæй сау хъæлæрдзы цавæр мæрон-климæтон уавæрты зайы, уымæ гæсгæ дзы вæййы 4-12% сæкæр, 2,9-3,8% уæгъдибар туагæдтæ, 4 проценты бæрц пектины буаргъæдтæ, 0,39-1,4% азоты буаргъæдтæ, 0,33-0,49% æлдыгъон буаргъæдтæ, 0,60-0,95% фæнык.

Хъæлæрдзыйы гагатæ хорз сты хуыфæг, цæсты низтæ æмæ ахсæн-тъæнгты низтæ дзæбæх кæнынæн. Уый тыххæй хæрын хъæуы ногтыд гагатæ, йæ сыфтæ æмæ къуыбæрттæй фых дон. Йæ сыфтæртæй йын арæх пайда кæнынц джитъри цæхджын кæнгæйæ. Гагатæй аразынц вареннæ, наливкæтæ, желе, сæн, ликёртæ æмæ а.д.

Æппæтæй зынаргъдæр у, сау хъæлæрдзыйы гагайы цингайы ныхмæ цы æлутон витамин C ис, уый. Йæ мыггаг æмæ кæм зайы, уымæ гæсгæ гагаты 100 граммы уыцы витамин вæййы 100-400 мг. Мандаринимæ абаргæйæ дзы витамин С ис 2,5—3 хатты фылдæр, хъалгъæнæй — 3-5 хатты фылдæр, мæнæргъыйы та 8-16 хатты фылдæр. Сау хъæлæрдзыйы уыцы диссаджы миниуджытæ зыдтой рагзаманты дæр. Адæймаг хуымæтæджы не ’взæрста хъæддаг зайæгойты хуыздæр хуызтæ æмæ сæ кодта хæдзарон.

Цæгат Ирыстоны сау хъæлæрдзы зайын кæнынц дыргъгуыст чи уарзы, ахæм хицæн адæймæгтæ.

Къутæрæнгæс гагадыргътæй уалдзæг æппæты разæй сау хъæлæрдзы базмæлы. Хъарм 5-8 градусмæ куы схæццæ вæййы, уæд йæ къуыбар райдайы нæрсын æмæ хæлын. Уымæ гæсгæ къутæртæм зилыны куыстытæ æмбæлы рагацау райдайын. Фароны талаты æрдæг кæнæ 1/3 хай хъауы фæцыбырдæр кæнын, лæмæгъ къалиутæ та бынтондæр акъуырын. Хорз рæз хæссæг афæдздзыд къалиутæй иу къутæры 4-5-æй фылдæр ныууадзын не ’мбæлы. Уый фæстæ алыг кæнынц 6-7 аздзыд къалиутæ, уымæн æмæ фæзæронд сты, тыллæг хæрзчысыл йеддæмæ нал ратдзысты.

Сау хъæлæрдзыйы гагадыргътæ

Хъæлæрдзы æхсæдгæйæ æнæмæнг ахъуыдыйаг у, цæмæй алы къалиуæн дæр фаг уа хуры рухс. Уыимæ сын сæ рæбынтæ ссыгъдæг кæнын фæхъæуы хæмпæлгæрдæг æмæ быронæй, стæй базилын хъацæнтæй. Алы къудзийыл дæр æмбæлы ныккæнын 40-50 граммы аммиачы селитрæ, кæнæ та æртæ къудзийыл иу бедра фæныкæмхæццæ тæнæг фаджыс æмæ бындзæфхады алыварс 8-10 см æрфæн мæр бафæлмæн кæнын.

Сау хъæлæрдзы уымæлуарзаг у. Хус мæр æмæ хус уæлдæф ын тых кæнынц. Йæ уидаг дæр уæлæнгай у. Уымæ гæсгæ йæ садзын хъæуы хъæздыг мæры. Цы мæры йæ садзæм, уый хъуамæ уидæгты рæзтæн фадат дæтта, фаг дзы уа уымæлад.

Сау хъæлæрдзыйæн арæх азгъæлы йæ дидинæг. Уый уаргæ бонты аххос вæййы, уæлдайдæр дидинæг æфтауын афон куы фæкъæвдатæ вæййы, кæнæ асæсты аххосæй мыдыбындзытæ æвзæр куы фæтæхынц æмæ рыгдзыд хорз куы нæ ’рцæуы, уæд.

Дидинджытæ азгъæлынц, зайæгойтæм æвзæр зылд куы цæуа, уæд дæр. Цæвиттон, хъæлæрдзытæн сæ сортмæ гæсгæ иуты дидинæгæн йæ рыгфæттæй иутæ арф сты дидинкъуырфы, иннæтæ — уæлæнгай. Уымæ гæсгæ сæ иутæ æнцонæй цæуынц рыгдзыд, иннæты та, æнæмæнг, фæхъæуы мыдыбындзытæ æмæ æндæр саскты æххуыс.

Хъæлæрдзы садзгæйæ, уый ахъуыдыйаг у æмæ садзын хъæуы, кæрæдзи хорз чи рыгдзыд кæна, ахæм мыггæгтæ. Хуыздæртыл нымад сты мах мæрон-климæтон уавæрты Лия плодородная, Боскопский великан, Восьмая Девисона, Голиаф, Крупноплодная, Отборная, Память Мичурина.

Цæмæй хъæлæрдзыйы къутæр хорз рауайа, уый тыххæй йыл кусын хъæуы 3-4-азы, 16-18 алы кары талатæ дзы куыд уа. Æппæтæй фылдæр тыллæг дæттынц 2-3 азыккон талатæ.

Куыддæр гагатæ тынд æрцæуынц, афтæ къутæр райдайы ног къуыбар аразын æмæ уыцы куыст фæцæуы суанг фæззæгмæ. Уыцы, цæстæй нæуынгæ, куысты рæстæг равзæрынц генеративон (гагадæттæг) æмæ вегетативон (рæздæттæг) къуыбæрттæ. Нывыл зылд куы нæ уа къутæрмæ, уæд фидæны тыллæг уыдзæн бæрæг къаддæр, стæй ног талатæ дæр рæз не схæсдзысты æмæ къутæр фæцæнкуылгъуыз уыдзæн. Афтæ цæмæй ма рауайа, уый тыххæй къутæртæм сæрд æмæ фæззæг хорз базилын æмбæлы. Уидагрæбынты мæры иу квадратон метрмæ бахæссын хъæуы 20 граммы аммиачы селитрæ, 30 граммы суперфосфат, 15 граммы калийы цæхх, зæронд фаджыс та 3-4 азы иу хатт 2-3 килограммы. Хъацæнтæ мæрмæ бахæссын æмбæлы йе скъахыны размæ. Уымæй уæлдай уалдзæг дидинæг ракалынæй 15-20 боны раздæр, кæнæ фæстæдæр бахæссын æмбæлы квадратон метры фæзуатмæ 15-20 граммы азот.

Алы аз дæр, гагатæ цы къалиутыл хъуамæ æрзайа, уыдон фæхъæуы 1/2, 1/4 фæцыбыр кæнын, иннæ къалиутæ та алыг кæнын.

Цæгат Ирыстоны æрдзон уавæртæ хынцгæйæ, сау хъæлæрдзы садзынæн хорз сты фæззæджы мæйтæ октябрь æмæ ноябрь, уалдзæджы та мартъи æмæ апрель. Ныссадзыны размæ мæрмæ базилынц хъацæнтæй. 100 квадратон метры фæзуатыл ныккæнынц 300 кг æмбыд фаджыс, 3 кг азоты хъацæнтæ, 4-5 кг суперфосфат æмæ 1,5-2 кг калийы цæхх. Хорз сæ сæмхæццæ кæнынц æмæ иу белгомы æрфæн скъахыны размæ æмвæтæнæгæй байзæрынц мæрыл. Дыргъгуыстгæнджытæ уыцы хъацæнтæ арæх ныккæнынц, хъæлæрдзы цы дзыхъхъы садзынц, уым. 30-40 см æрфæн 50-60 см уæрхæн дзыхъхъы æмбæлы ныккæнын 3-5 кг æмбыд фаджыс, 30-40 г суперфосфат, 15-20 г калийы цæхх. Тала садзын æмбæлы, йæ уидæгты къубалгонд 8-10 см æрфæн зæххы куыд уа, афтæ. Уый фæстæ йыл ныккæнын æмбæлы 4-5 литры дон. Къудзитæ кæрæдзийæ хъуамæ уой 1-1,25 — 1,5 метры дарддæр сагъд.

Commons
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Ribes nigrum

Дыргъыкуыстгæнджытæ арæх нæ фæзонынц, садзæн æрмæг кæм ссарой, уый. Беслæны, Дыгуры, æмæ Мæздæджы питомниктæ ахæм куыст нæ кæнынц. Фæлæ сæ ис къалиутæ ракурæн.