Дзаболаты Хазби: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1: Рæнхъ 1:
'''Дзаболаты Хазби''' (1931 азы, [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Алагиры район]]ы [[Ногхъæу]]) уыдис ирон поэт.
'''Дзаболаты Хазби''' (1931 азы, [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Алагиры район]]ы [[Ногхъæу_(Алагиры_район,_быдыры)|Ногхъæу]]) уыдис ирон поэт.


== Цардафыст ==
== Цардафыст ==

Фæлтæр 11:02, 9 декабры 2009

Дзаболаты Хазби (1931 азы, Цæгат Ирыстоны Алагиры районы Ногхъæу) уыдис ирон поэт.

Цардафыст

Каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола. 1951–1954 азты службæ кодта Советон Æфсады, демобилизацийы фæстæ 1956 азы онг куыста геологон-сгарæн къорды Садоны, 1956-æм азæй 1960-æм азы онг та уыдис Буроны æрзæткъахæны шахтер.

1960-æм азы Дзаболы-фырт бацыдис Горькийы номыл Литературон институтмæ. Каст æй фæцис 1965-æм азы.

Амардис Дзаболаты Хазби трагикон хуызы 1969-æм азы 28 январы.

Сфæлдыстад

Поэты уацмысты фыццаг æмбырдгонд «Хæс» рацыдис 1960-æм азы. Дзаболаты Хазби литературæмæ куы æрбацыдис, уæдмæ йæм уыдис уæнгдыхæй фæллойгæнæджы стыр фæлтæрддзинад, æмæ уымæн йæ фыццаг чиныджы стыр бынат бацахста фæллойы темæ, æрзæткъахджытæ æмæ геологты куыст. Йæ дыккаг æмбырдгонд «Артдзæст» рацыдис 1963-æм азы. Йæ чиныджы сæйраг мотивтæ сты адæймаджы уды сыгъдæгдзинад, уарзт, хæс. 1967-æм азы мыхуырæй рацыдис йпоэты ног чиныг «Къахуынæр». Хазби ма тæлмац кодта зындгонд уырыссаг æмæ советон поэтты æмдзæвгæтæ.