Родс, Сесил

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сесил Родс
англ. Cecil Rhodes
1890-æм азы 17 июлы — 1893-æм азы 3 майы
Раздæр чи уыд Гордон Спригг[d]
Фæстæдæр Сесил Джон Родс
1893-æм азы 4 майы — 1896-æм азы 12 январы
Раздæр чи уыд Сесил Джон Родс
Фæстæдæр Гордон Спригг[d]
Райгуырдис 1853-æм азы 5 июлы(1853-07-05)[1][2][3][…]
Амардис 1902-æм азы 26 мартъийы(1902-03-26)[1][2][3][…] (48 азы)
Ныгæныны бынат
Гуырæн ном англ. Cecil John Rhodes
Дин англиканизм[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Се́сил Джон Родс (англ. Cecil John Rhodes, 1853-æм азы 5 июлы1902-æм азы 26 мартъийы) — англисаг æмæ хуссарафрикæйаг политикон архайæг, амалиуæггæнæг, англисаг колониалон экспансийы идеолог æмæ йæ разæнгардгæнæг, алмасикъахæн компани «Де Бирс»-ы бындурæвæрæг.

Сесил Родс йæхи нымадта Британийы империйы идеологтæй иу премьер-министр Бенджамина Дизраэлийы фæдоныл. Дизраэлимæ гæсгæ Стыр Британийы уæвынæн ахсджиаг у йе ’гæрон колониалон экспанси. Сесил Родс «Уырнынады символ», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ цы чиныг ныффыста, уый мидæг фыссы, дунейы хицауад хъуамæ суа амалхъомтæ æмæ политикты сусæг къорд. Уыцы къорд, дам, хъуамæ йæхи дæлбар бакæна «хъæддаг дунейы» алы адæм дæр æмæ, дам, уый фæстæ «æппæтдунеон империйыл» æцæгæй дæр Хурзæрин никуы кæндзæн ныгуылгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Родсы хъуыдымæ гæсгæ уыцы ног дунейы разæнгардгæнджыты бынатмæ схызтаиккой англис. «Мæн фидар уырны, — фыста Родс, — мах дунейы æппæты хуыздæр наци кæй стæм, уый. Æмæ та дунейы цас фылдæр хай æрцæрын кæндзыстам мах, уыййас хуыздæр уыдзæн æппæт адæймагадæн дæр». Уыдæттæ куы фыста, цыдис ыл фонд æмæ ссæдз азы.

1891-æм азы Родс ус-паддзахæй райста Хуссар Африкæйы ног «паддзахады мидæг паддзахад» саразыны бар. Уый ном уыдис «Бритайнаг Хуссар Африкæйы компани». Компанийы хицауы бартæ уыдысты æгæрон: йæ бон уыдис йæхи æфсад аразын, ног фидæрттæ æмæ сахарты бындур æвæрын æмæ афтæ дарддæр. Родсы дæлбар тагъд рæстæджы баци егъау зæхх, фондз Англисы æмиас. Уыцы ног бæстæйæн радтой Родсы ном — Родези.

Сесил Джон Родс амардис 48-аздзыдæй. Бинонтæ йын нæ уыдис.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Woodhouse C. M. Cecil Rhodes // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. 2,0 2,1 Cecil John Rhodes // Энциклопедия Брокгауз (нем.) / Hrsg.: Bibliographisches Institut & F. A. Brockhaus, Wissen Media Verlag
  3. 3,0 3,1 Cecil John Rhodes // Gran Enciclopèdia Catalana (кат.)Grup Enciclopèdia, 1968.
  4. Oxford Dictionary of National Biography (англ.) / C. MatthewOxford: OUP, 2004.