Æртхурон (чъири)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Родзингæ-æй æрвыст)

Æртхурон, вариант: хургуыдын[1] (дыгур. родзингæ)[2] у ирон ритуалон чъири.

Æртхуроны конд[ивын | Бындур ивын]

Бæрæгбæтты кувинæгтæн цы хойраг кодтой ирон дингæнæг адæм, уыдоны æхсæн бæрæг кадджындæр уыд æртхурон. Æртхурон дзаджджын стыр уæливыхæн йæ цъайраг уыди æлутоны хорты ссæдтæй конд. Æлутоны хортæ задысты хæхбæсты хуссарварс хъугæмтты æртыгай хуызтæй, æмæ сæ хуыдтой æртæхурон хортæ. Æртæхурон хортыл нымад цыдысты хъæбæрхоры, сырх мæнæуы æртыгай хуызтæ, æмæ задысты хургом хъугæмтты, Хуыцау æмæ зæдты нæмттыл конд хуыздæр хуымты. Сырх мæнæуы ссадæй кондæн æвдулæн уыд хъæбæрхоры ссад, хъæбæрхорæй конд хыссæйæн та æвдулæн дардтой мæнæуы ссадæй нуарджындæры æмæ хæрзаддæры тыххæй.

Æртхуроны дзаджджинагæн ахстой сæрд сæрмагонд цыхт-гуымбыл фысты æхсырæй æмæ йæ хæндыджы æвæрдтой бæрзы къæбæлимæ Ногбонмæ. Хъæбæр цыхт хафтой кардæй, насхафæнæй æмæ йæ хæрзаддæрæн æссæстой нартхоры кæнæ хъæбæрхоры ссадæй фых цымгæимæ. æртхуроны дзаджджинагмæ æфтыдтой хæрзаддæрæн нывондаг кусартæй конд сдад фиуы лыстæг кæрстытæ, æхсæры æппыты лыстæг хост æмæ цъамалæджы мыггæгтæ. Æртхуронæн арынджы йе скæнынæй артыл йе сфыцынмæ хъуыди фылдæр хъусдард æмæ арæхст. Æвзаргæ сугтæй йын кодтой иугæндзоны сабыр арт, æмæ фыхти æнæ уæлдай сыгъдтæй, хъулæттæй бур-бурид, стæй йæ сæрстой бæрæгбоны сæрмагонд царвæй фæлмæндæрæн, адджындæрæн.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Айларты Измаил. Ирон фарн: Ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. — Дзæуджыхъæу: Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат, 2012 — 392 ф.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — Владикавказ: ИПЦ СОИГСИ ВНЦ РАН и РСО-А, 2015. – 599 с.
  2. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.