РЦИ — Аланийы адæмон нывгæнæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кадджын ном «РЦИ — Аланийы адæмон нывгæнæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй, нывкæнынады аивадмæ стыр æвæрæн чи бахаста æмæ адæм хорзыл кæй банымадтой, нывкæнынады, скульптурæйы, графикæйы монументалон æмæ декоративон-куыстадон аивады ахæм хъуыстгонд уацмыстæ сфæлдисæг нывкæнынады аивады хъуыстгонддæр архайджытæн, кадджын ном «РЦИ — Аланийы сгуыхт нывгæнæг» радтыны фæстæ.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».