Пастухов, Андрей Василийы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Андрей Василийы фырт Пастухов
Райгуырды датæ 1860-æм азы 16 августы(1860-08-16)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1899-æм азы 23 сентябры(1899-09-23) (39 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз геодези[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Пастухов Василийы фырт Андрей (1860-1899) уыдис зындгонд уырыссаг хохиртасæг æмæ топограф.

Сывæллоны бонтæ[ивын | Бындур ивын]

XIX æнусы астæу Харьковы губернæйы цæугæдон Деркулы (Цæгат Донецы къабаз) галиу фарс бæхты заводимæ иумæ аразын райдыдтой æфсæддон посёлок. Заводы куыстой, сæ бинонты посёлокмæ æрбаласыны бар кæмæн уыд, уыцы салдæттæ.

1860 азы поселочы салдат Василий Пастуховы хæдзары райгуырдис лæппу Андрей. Лæппуйыл цалдæр азы куы сæххæст ис, уæд йæ фыд фæрынчын халерæй æмæ амардис, фæстæдæр амардис йæ мад дæр. Андрейы хистæр æфсымæр æмæ хойæн уыд бинонтæ, æмæ лæппу ахуыр кæнынмæ бацыдис бæхты заводы училищемæ.

Андрей ахуыр кодта зæрдæргъæвдæй, нымад уыд раззагдæр ахуырдзаутæй иуыл, æмæ йæ училище каст фæуыны фæстæ райстой къæнцылармæ кусынмæ. Лæппу къæнцылары куы куыста, уæд базонгæ зæронд ефрейтор И. П. Болотниковимæ. Болотников Андрейæн арæх дзырдта, кæм архайдта, Кавказы, Турчы æмæ Ираны уыцы хæстыты тыххæй. Ефрейтор уыд дæсны таурæгъгæнæг, уæлдай тынгдæр та уарзта, йæ зæрдæмæ чи фæцыдис, уыцы хæхты тыххæй дзурын.

Ахуырад[ивын | Бындур ивын]

Чысыл фæстæдæр Пастухов базонгæ, хъуыддаджы фæдыл Ног Деркулмæ æрбацæуæг топограф Сидоровимæ. Сидоров Андрей Пастуховы базонгæ кодта топографиимæ, загъта йын, Бетъырбухы кæй ис топографты-геодезистты цæттæгæнæн училище. Лæппу ацыд уыцы училищемæ ахуыр кæнынмæ.

Училищейы ахуыр кодтой канд топографийыл æмæ геодезийыл нæ, фæлæ географийыл, физикæйыл, æрдззонынадыл, уырыссаг литературæ æмæ æндæр предметтыл. Дыууæ азы фæстæ училище иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст куы фæцис, уæд æй топографæй кусынмæ арвыстой Курляндийы губернæмæ, фæстæдæр та — Кавказы æфсæддон зылды топографион хайадмæ.

Пастухов Кавказы[ивын | Бындур ивын]

Кавказмæ фæндагыл æрыгон топограф базонгæ номдзыд уырыссаг ахуыргонд Пётр Пётры фырт Семенов-Тян-Шанскиимæ, йæ ног зонгæйы фæндонæй Арвыкомы фæндагыл ацыд Тифлисмæ æмæ федта, Пушкины, Лермонтовы, Толстойы æмæ Грибоедовы уацмысты кæй тыххæй каст, уыцы бынæттæ. Тифлисы А. Пастухов радта фæлварæнтæ Кавказы æфсæддон зылды топографион хайадмæ æмæ йын радтой кæстæр кълассон топографы цин. Пастухов базонгæ зындгонд ахуыргæндтæ-кавказиртасджытæ А. Н. Некрасовимæ, Н. Я. Динникимæ, Н. М. Альбовимæ, И. И. Ходзькоимæ, ногæй фембæлд П. П. Семенов-Тян-Шанскиимæ.

Фондз азы дæргъы Андрей Василийы фырт куыста Дагъистаны хохы, систа Гимрыйы æмæ Андийы хæхты къамтæ, Центрон Кавказы, ома, Сæнайы хохмæ ’ввахс кодта топографион куыстытæ.

Сæнайы хох[ивын | Бындур ивын]

Пастухов зыдта, Сæнайы хохмæ цæмæй схиза, уый тыххæй йæ сæрмагондæй бацæттæ кæнын кæй æмбæлы, уый. Уымæй уæлдай, Сæнайы хохмæ схизæн уыд æрмæст сæрмагонд альпинистон кусæнгæрзтимæ.

Райдыдта 1889 аз. Пастухов йæхи бацæттæ кодта Сæнайы хохмæ схизынмæ, цæмæй сараза нывыл топографион картæ. Хохмæ хизджытæн уæнгдыхæй бацæттæ кæнынæй уæлдай æмбæлыдис дзæбæх кусæнгæрзтæ æмæ хæрзад хойраг. Андрей Василийы фырт бацæттæ кодта цалдæр хуызы къахы- æмæ уæлæдарæс, æрæмбырд кодта Сæнайы хохы тыххæй æрмæджытæ æмæ бæрæггæнæнтæ, бæстон раиртæста Сæнайы хохмæ раздæр схизæг фæсарæйнаг альпинистты фæлтæрддзинад.

Кусæнгæрзтæ æмæ хойраг бацæттæ кæныны фæстæ Пастухов бавнæлдта хохдзауты къорд æмбырд кæнынмæ. Алфамбылай гуырдзиаг æмæ ирон хъæуты цæрджытæ куы федтой, фæсарæйнаг альпинистты кусæнгæрзтимæ абаргæйæ, Пастуховы хиконд кусæнгæрзтæ цауддæр кæй сты, уый, уæд разы нал уыдысты Андрей Василийы фыртимæ иумæ хохмæ хизыныл. Уымæй уæлдай, хохмæ схизынмæ Пастухов Майлийы цъитийы ’рдыгæй кæй равзæрста, уыцы фæндаг, Арвыкомырдыгæй фæндагимæ абаргæйæ, уыд бæлвырд зындæр.

Бынæттон хъæуты цæрджытæ Пастуховимæ балцы ацæуыныл куынæ сразы сты, уæд Андрей Василийы фырт йæхицæн бæлццонтæн равзæрста Сунжæ-Дзæуджыхъæуы полчъы цалдæр æфсæддоны.

Балцы ацæуыны хæдразмæ Пастуховмæ бацыдис тменыхъæуккаг Царахаты Тепсарыхъо, æмæ йын загъта, хохмæ схизыныл разы кæй у, уый. Царахы-фыртыл кæд æртиссæдз азæй фылдæр цыдис, уæддæр фæлтæрд цуанон уæнгдыхæй уыд рæвдз, зыдта Сæнайы хохмæ фæндаджы хай.

1889 азы 27 июлы хохдзаутæ балцы ацыдысты. Уыд асæст бон, кодта сæлфынæг, ихыл рæвдз цæуæн нæ уыд. Цъитийыл калдис, бæлццонты чи къуылымпы кодта, бирæ ахæм дæттæ. Ранæй-рæтты фæндаг æхгæдтой, митæй чи байдзаг ис, ихы ахæм скъуыдтæ.

Куыдфæстæмæ хохдзаутæ фæлладысты уæлдай тынгдæр. Адæм бæрзонд хохмæ фыццаг хатт кæй цыдысты, стæй сæм лæмæгъ хиконд кусæнгæрзтæ кæй уыд, уыдæттæ сæ тынг къуылымпы кодтой. Фæлæ экспедицийы разамонæг Андрей Пастуховмæ ныфс уыд, Сæнайы хохмæ сын схизын кæй бантысдзæн, уымæй.

Цъитийыл схизæнтæ 60 градусæй цæхгæрдæр кæм уыдысты, уым ранæй-рæтты къæпсырты фæрцы уæлæмæ схизæн нæ уыд, æмæ-иу уæд экспедицийы архайджытæ бавнæлдтой ихыл къæпхæнтæ аразынмæ. Денджызы æмвæзадæй 4000 метры уæлдæр бæрзæндыл къæпхæнтæ аразын уыд тынг зын куыст.

Къæпхæнтæ адæм арæзтой радыгай. Уæззау куыстæй æппæтæй раздæр бафæлладысты Сунжæ-Дзæуджыхъæуы полчъы салдæттæ, æмæ сæ бон дарддæр цæуын нал уыд. Хохдзаутæ баззадысты цыппарæй: Пастухов, Царахы-фырт æмæ иннæтæй рæвдздæр чи уыд, дыууæ уыцы салдаты — Потапов æмæ Лапкин.

Цалдæр сахаты фæстæ фидар Лапкинмæ рабæрæг хохаг низы миниуджытæ. Экспедицийы архайджытæн дарддæр цæуын уыд ноджы зындæр. Адæмæн уарынæй æмæ дымгæйæ уыд уазал, туаггуыр сын нæ фаг кодта, боныхъæд цалдæр хатты аивта. Уарыны æмæ дымгæйы аххосæй экспедицийы архайджытæ хатгай кæрæдзийы нæ уыдтой.

4500 метры бæрзæндæныл уазал æхсæвиуат скодтой. Хохы цъупмæ бирæ нал баззад, райсомæй йæм ногæй хизын райдайдзысты, ныр та уал фæллад суадзын æмбæлы, фæлæ æнæ цатырæй æмæ хъарм уæлæдарæсæй фынæй кæнын не ’мбæлы. Уазал дымгæ экспедицийы архайджыты цæмæй къаддæр хъыгдара, уый тыххæй дуртæй сарæзтой сис. Ацы балцы тыххæй Пастухов фæстæдæр ныффыста: «Фæзыл цалдæр хатты куы азгъордтам, уæд чысыл схъарм стæм æмæ та ногæй æрхуыссыдыстæм…» Æхсæвæй бонмæ афтæ цалдæр хатты бакодтой. Райсомæй рабæрæг ис, Потаповæн йæ бон дарддæр цæуын кæй нал у, уый æмæ йæ хъарм дзаумæттимæ æмæ хойрагимæ, дымгæ йæ кæм нæ хъыгдара, ахæм ран ныууагътой.

Дарддæр Сæнайы хохмæ цыдысты дыууæйæ — Андрей Пастухов æмæ Царахаты Тепсарыхъо. Дыууæсæдæ метры уæлдæр куы схызтысты, уæд Царахы-фырты хъустæй туг кæлын райдыдта. Алæууыдысты сахаты ’рдæджы бæрц, хъустæ митæй аууæрстой, æмæ афтæмæй туг баурæдтой. Стыр зындзинæдтæ æвзаргæйæ, дыууæ ныфсджын нæлгоймаджы та ногæй уæлæмæ фæцæуынц. Алфамбылай — иттæг сабыр æмæ рæсугъд æрдз.

29 июлы бонæй 4 сахатыл хохдзаутæ схæццæ сты Сæнайы хохы цъуппмæ. Пастухов балцы боныджы ныффыста: «Хохы цъуппæй нæм чи зыны, уыцы рæсугъд æрдз мæ бон хуымæтæджы дзырдтæй равдисын нæу…»

Сæнайы хохы цъуппыл Андрей Василийы фырт систа топографион къамтæ, сарæзта метеоиртæстытæ, нывтæ æмæ дзы ныффидар кодта, биноклтæй кæсгæйæ, Дзæуджыхъæуæй æмæ æндæр цæрæн бынæттæй чи зынд, ахæм стыр сырх тырыса. Уыцы аз дзæуджыхъуæккæгтæ бирæ дис кодтой уыцы тырысайыл, фæстæдæр йæ дымгæ атыдта.

Хохдзаутæ уæлæмæ хизынæй кæй бафæлладысты, уымæ гæсгæ сын бынмæ хизын дæр уыд зын.

Экспедицийы архайджытæ Хъæрмæдонмæ æрхæццæ сты, Сæнайы хохмæ куы ацыдысты, уымæй фондз боны фæстæ.

А. Пастухов æмæ Царахы-фырт уыдысты уыцы адæймæгтæ, Сæнайы хохы цъуппыл геологион æмæ метеорологион иртæстытæ саразын, стæй топографион къамтæ сисын фыццаг кæмæн бантыстис.

Æндæр куыст хохы[ивын | Бындур ивын]

Андрей Василийы фырт Пастухов уыд, Кавказы зынвадат рæтты бирæ топографион къамтæ чи систа, ахæм фæлтæрд топограф. А. Пастухов раиртæста бирæ кæмттæ, цъититæ æмæ уæлвæзтæ æмæ сын сарæзта топографион картæтæ. Пастухов кæй систа, Сæнайы æмæ Эльбрусы хæхты уыцы къамтæн абон дæр ис стыр зонадон ахадындзинад.

1890 азы А. Пастухов раиртæста Эльбрусы хох, 1891 азы — Халасхох, 1892 азы — Шахдаг, 1893 азы — Арарат æмæ Алагёз, 1895 азы — Стыр Арарат.

Пастухов газетты æмæ журналты кæй ныммыхуыр кодта, уыцы уацхъуыдтæй уæлдай стырдæр зонадон ахадындзинад ис мæнæ ахæмтæн: «Алагёзмæ балц», «Халацы хохы цъупмæ балц», «Сæнайы хохмæ балц», «Сæнайы хох æмæ Эльбрус», «Кавказы бæрзонддæр хæхтæм балц» æмæ иннæтæн.

Пастуховы ингæн[ивын | Бындур ивын]

А. В. Пастухов амардис 1899 азы æмæ йæ йæ курдиатмæ гæсгæ баныгæдтой сахар Гуымы Хъæрмæдоны Машук-хохы фахсыл. Пастуховы марды раз ныхас кæнгæйæ, номдзыд кавказиртасæг Д. Д. Пагирев загъта: «Андрей Василийы фырт йæхицæн ном скодта, Стыр æмæ Чысыл Кавказы сæйраг бæрзæндтæ æвæллайгæйæ æмæ ныфсджынæй кæй иртæста, уымæй. Пастухов уыд фыццаг уырыссаг кавказаг альпинист…»

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]