Охъазтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Оказовы-æй æрвыст)

Охъазтæ[1] (уырыс. Оказовы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Охъазтæ равзæрдысты Мæхческы Астанты мыггагæй, Охъаз уыд Астанæн йæ аст фыртæй иу. Охъаз фыццаг æрцард, ныр сæхи номыл цы сых ис Махческы, уым. Уым Охъазы цæуæт æмæ йæ цæуæты цæуæт сбирæ сты, зæххытæ сын нал фаг кодта æмæ уымæ гæсгæ фæлыгъдысты — сæ иутæ Гæлиатмæ, иннæтæ та — Фæснæлмæ. Охъазты мыггагæй ма баззад Мæхческы дæр. Охъаз, йæ фыдæй куы байуæрста, уæд бинонты хъуыддаг бакодта æмæ йæ мыггаг йæхи номæй схуыдта — Охъазтæй. Йæ бинонтимæ æрцард Сонгутыдоны рахиз фарс, Гæлиаты æмæ Фæснæлы астæу цы тигътæ ис, уым. Ацы тигъ фæстагмæ хонын байдыдтой Охъазты сых.

Ис ма æндæр таурæгъ дæр. Охъазты зæрæдтæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Охъазты фыдæл Нало равзæрд Астанты мыггагæй. Раджы кæддæр Гæлиатмæ æрбалыгъд Уæлладжыры комæй, Тибæй. Налойы фыццаг фырт Охъаз цард Гæлиаты æд зæнæг. Сæ цæуæт куы сбирæ сты, уæд дзы иутæ алыгъдысты Уæллаг Фæснæлмæ.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.