Ногбон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Ног бон-æй æрвыст)

Ногбон кæнæ Нæуæгбон, дыгур. Анзисæр кæнæ Басилтæ у Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иу.

Ног азы бон кæнынц дыууæ хуызы. Ног нымадæй 31 декабырæй 1 январмæ. Зæронд нымадæй та 13-14 январмæ. Фыццаг заманы кодта хъызт хымæг, бирæ мит-иу æруарыд æмæ суанг уалдзæгмæ нæ тади. Ноггбон æхсæв-иу ирон адæм хæдзаргай æмæ сыхгай скодтой стыр æртытæ. Æртыты æвæрдтой хус хæтæлтæ, къæрцгæнæнтæ. Фæсивæд фиу æмæ ирон цыхтæй кодтой физонджытæ. Амдзыхæй-иу хъæр кодтой: «Сой цæуы, сой, — ацы арты нæ фыдбылызтæ басудзæнт, ног аз нын ног хорздзинæдтæ æрхæссæд».

Бæрæгбон уæлдай хъæлдзæгдæр уыдис хæхбæсты. Стыр арт-иу рухс кодта ком æмæ хæхтæ. Зæрондæй, æрыгонæй-иууылдæр цыдысты арты цурмæ, йæ сæрты гæппытæ кодтой, къахдзоныгътыл бырыдысты. Райсомæй-иу хæдзары хистæр нæлгоймæгтæй исчи раздæр сыстад, хæдармæ-иу æрбахаста æрцыхъæды къалиутæ æмæ куывта: «Ам цал хъилы æмæ къуызыры ис, уал хорздзинады уын ног аз æрхæссæд».

Ногбоны изæр-иу фæсивæд хæдзар-хæдзар зылдысты, хæдзаронты зарæг кодтой, фысымтæ сæ хъæлдзæгæй хæдзармæ хуыдтой, кæрæдзийы уарзтой бирæ æмæ æнæзæрдæхудтæй цардысты.