Нæлы дзуар
Внешний вид
Нæлы дзуар – Дыгургомы Фæснæлы хъæуы бардуаг ирон мифологийы; æвдыст цæуы фыры хуызы. Куыд хъæубæсты бардуаг, афтæ фæстæдæр йæ ахадындзинад æрхаудис, фæлæ йын лæвæрд æрцыд сылгоймæгтæн нæлгоймаг цот дæттыны хъомыс. Йæ кувæндонмæ цыдысты, æрмæст чызджытæ кæмæн гуырыдис, уыцы æрыгон сылгоймæгтæ æртæ чъирийы æмæ бæгæныимæ. Дзуарæй куырдтой, цæмæй сын ратта нæлгоймаг цот. Иуæй-иу хатт-иу Дзуары бынмæ æрбацыдысты куырдуаты бадæг чызджытæ дæр æмæ-иу рагацау дзуарæй куырдтой, цæмæй сын фидæны ратта нæлгоймаг цот. Раст ахæм функцитæ æххæст кодта Фыры дзуар дæр Дæргъæвсы цæрджытæн.[1]
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.