Перейти к содержанию

Мыдыбындзы мыдадз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мыдадз

Мыдыбындзы мыдадз — мыдыбындзытæ мыды фæзгъæртæ скæнынæн цы хыссæйы хуызæн массæ саразынц, уый.

Мыдадз у стæм æрмæг йæ физикон æмæ химикон хиадтæм гæсгæ. Уый хатæнон температурæйы у хъæбæр, 35—40 градусы тæвдады сфæлмæн вæййы æмæ дзы цыфæнды формæйæн дæр ис аразæн, 63 градусы тæвдæй бадон вæййы.

Мыдадз тæвды дæр, уазалы дæр, умæлы дæр æмæ зæххы мидæг дæр не ’взæр кæны. Уыцы хиадтæ сты мыдддзæн йæ сæрмагонд миниуджытæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты заманы мыдадз уыд сæйраг хай æфсæддон къахдарæсы сæрдæны, кæцы дзабыртæм нæ уадзы дон æмæ сæ фæлмæн дары.

Цыхтахсæн сæудæджерады мыдадзæй цыхтыты сæрдынц æмæ сæ уый хъахъхъæны сæфынæй æмæ бахусæй.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Тедеты Хъауырбег. Æххуыс мыдгæсæн. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал 1979