Монгойлаг бæлцытæ Японмæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бæхджын самурай хæцы монгойлæгты ныхмæ. 1293 азы ныв

Монгойлаг балцытæ Японмæ (яп. 元寇 [генко]) уыдысты дыууæ — 1274 æмæ 1281 азы. Чингисханы фыртыфырт Хубилай уыдис уыцы хæстон кампанийы бæлхон. Уыцы балцытæй дыууæ дæр монгойлæгты къухмæ нæ бафтыдысты.

Дыккаг лæбурды рæстæг, 1281 азы, монгойлаг флоты бирæ наутæ фесæфтысты тайфунæй (æвирхъау уадæй). Уыцы уад япон схуыдтой «камикадзе», ома «хуыцæуы дымд».

Commons
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.