Мæйхортæ æмæ хурхортæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Мæйхор-æй æрвыст)

Мæйхортæ æмæ хурхортæ — ирон адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ æвирхъау уæларвон цæрæгойтæ, кæцытæ рæстæгæй-рæстæгмæ лæбурынц æмæ хæрынц Мæй æмæ Хуры. Уæд вæййы мæйдалынг кæнæ хурдалынг. Уыцы рæстæг-иу мæйхортæ æмæ хурхортæ фæтæрсын кæныны тыххæй куырдтæ хостой сæ хъæсдарджытæ, хъæуы иннæ цæрджытæ хæрдмæ æхстой топпæй (раздæр та – фатæй). Хъæсдарджыты зæлланг æмæ топпы гæрæхтæй фæтæрсгæйæ-иу мæйхортæ æмæ хурхортæ мæй æмæ хуры фæуагътой æмæ лидзæг фесты. Мæй æмæ-иу Хур ногæй арвыл фæзындысты. Мæйхортæ æмæ хурхортæ афтæ тæссаг æмæ тыхджын уыдысты æмæ-иу фæуæлахиз сты æнæфсис бындзагъдгæнæг æмæ быларæфтауæг Ахæры дурыл дæр.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.