Къибиртæ
Внешний вид
Къибиртæ (уырыс. Кибировы) сты дыгурон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Таурæгъмæ гæсгæ, Тагъа æмæ Къибир уыдысты æфсымæртæ, иу фыды лæппутæ. Сæ фыд, дам, уыд Хæнæзы хъæуккаг Беркъисатæй. Æфсымæртæ сæ мыггæгтæ раивтой сæ нæмттæм гæсгæ: Тагъатæ, Къибиртæ. Уый фæстæ сæ цæрæнбынат раивтой Гуылæры хъæумæ æмæ ам бындуронæй æрцардысты. Тагъайæн уыд иунæг фырт — Баба, уымæн та æртæ фырты: Алий, Геуæли æмæ Хамæза. Адон сты Гуылæры хъæуы Тагъаты мыггаджы фыццаг цæрджытæ. Къибирты мыггаджы фыццаг фæлтæрты нæмттæ ничи хъуыды кæны, фæлæ сæ Гулæры 1880 азы царди дыууæ бинонтæ — Кудæйы фырт Саукуй æмæ Гæуысы фырт Гуйман.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 87—88.