Перейти к содержанию

Куыртта

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Куыртта
Сывæллæттæ

1 верси: Найфон, Тымбол, Уæлæсых[1]

2 верси: Найфон, Темболат (Тотык), кæстæр æфсымæр[2]
Æфсымæр Тæга

Куыртта — ирон таурæгъмæ гæсгæ уыдыс куырттатæгты рагфыдæл, Тæгайы ’фсымæр.

Таурæгътæ

[ивын | Бындур ивын]

Иу таурæгъмæ гæсгæ, Хæкъуынайы хохы сæр кæнæ та Уæлæсыхы кæддæр цардысты дыууæ æфсымæры — Тæга æмæ Куыртта.[3]

Мыггагон таурæгъмæ гæсгæ, Куырттайæн уыд æртæ фырты: Уæлæсых, Найфон æмæ Тимбол (Тымбол).[1]

Уæлæсыхæн уыд цыппар фырты: Цæлыкк, Цопан, Богъ, Демир. Цæлыккæн уыд иу фырт Тохти, Цопанæн дæр иу фырт, йæ ном Хъара. Богъæн йæ фырт хуынд Сха, Демиры фырт та хуынд Созан. Афтæмæй Уæлæсыхы цæуæтæй равзæрдысты ахæм ирон мыггæгтæ: Цæлыккатæ, Тохтиатæ, Цопанатæ, Хъаратæ, Богъатæ, Схантæ, Демыратæ, Созанатæ. Ацы мыггæгтæн сæ фыдæл иу кæй уыд, уымæ гæсгæ уыдысты æрвадæлтæ.

Найфонæн дæр уыд цыппар фырты: Худзи, Гайт, Фарни æмæ Борси. Худзийæн уыд фырт, йæ ном Хæдарц, Гайты фырт та хуынд Церек. Найфоны байзæддагæй равзæрд ахæм ирон мыггæгтæ: Худзитæ, Хæдарцатæ, Гайтæ, Церекатæ, Фæрниатæ, Борситæ. Ацы мыггæгтæ дæр æрвадæлтæ сты, уыд сын иу фыдæл — Найфон.

Тымболæн дæр уыд цыппар фырты: Гуыри, Еси, Арисхан, Тези. Гуырийæ равзæрд Гуыриаты мыггаг, Есийы номæй — Есиаты мыггаг. Арысханæн уыд дыууæ фырты: Хæмæт æмæ Уæрдасен. Арысхан æмæ йæ фыртты нæмттæй равзæрдысты ахæм ирон мыггæгтæ: Арысхантæ, Хæмæттæ, Уæрдасентæ. Тымболы байзæддагæй цы мыггæгтæ фæзындысты, уыдон дæр æрвадæлтæ уыдысты.

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Куырттаты ком æмæ куырттатæгтæ / Чиныг сарæзтой Гуыриаты Т., Мырзаганты М. æмæ æнд. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2007. — 464 ф.
  3. Тлатты Æмзор. Тлаттæ: Мыггаджы хабæрттæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2004 — 103 ф.
  4. Гутнов Ф. К. Средневековая Осетия.— Владикавказ: Ир, 1993. 229 с.
  5. Марзоев И.Т. Тагиата: привилегированное сословие Тагаурского общества Северной Осетии. Монография. Сев.-Осет. ин-т гум. и соц. исслед. Владикавказ, 2012. – 500 с.