Дудгæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Кресс-салат-æй æрвыст)
Дудгæ
Зонадон классификаци
Паддзахад:
Къорд:
Трибæ:
Мыггаг:
Хуыз:
Дудгæ
Æхсæнадæмон зонадон ном
Lepidium sativum L., 1753

Дудгæ, вариант: дудаг[1], кæнæ хъыцъы[2], дыгур. дзодзæги (лат. Lepidium sativum; уырыс. Кресс-салат) у цæхæрадоны популярон зайæгой, йæ сыфты бон у хæрдмæ метры фылдæр æрзайын. Ацы хæрзад кæрдæг уарзон у алы кары адæймагæн дæр, бирæ культурæты Европæ æмæ Азийы. Базарты тæрхæджытæй дæр уымæн нæ цух кæны сæрдæй-зымæгæй. Хæрынмæ у фæлмæн, донджын. Хæрынц æй салаттимæ, бафтауынц æй дзидза æмæ кæсаджы алыхуызон хæринæгтыл.

Адæмон хосгæнджытæ дудгæйæ пайда кæнынц цинга æмæ туджы низты ныхмæ. Дзæбæх дзы кæнынц сывæллæтты низтæ золотухæ, диатез, хæлмæгтæ. Хæфгæнæг хъæдгæмттæн дзы аразынц сæрдгæ хос царвимæ.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Айларты Измаил. Ирон фарн: Ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. — Дзæуджыхъæу: Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат, 2012 — 392 ф.
  2. Техов Ф. Д. Названия растений в осетинском языке. Цхинвали: Издательство «Ирыстон».