Карæйы денджыз
Внешний вид
(Карскы денджыз-æй æрвыст)
| Карæйы денджыз | |
|---|---|
Карæйы денджызы картæ | |
| Характеристикæ | |
| Фæзуат | 893 400 км² |
| Гуырахст | 101 000 км³ |
| Стырдæр арф | 620 м |
| Астæуккаг арф | 50—100 м |
| Ран | |
| 74°49′55″ с. ш. 71°18′43″ в. д.HGЯO | |
| Бæстæ | |
Карæйы денджыз[1] (уырыс. Карское море) у Цæгат Ихджын фурды хай. Йæ æрдзон арæнтæ сты: Евразийы былтæ, Ног Зæххы сакъадæхтæ, Франц-Иосифы Зæххы сакъадæхтæ æмæ Цæгат Зæххы сакъадах.
Денджызы фæзуат у 883 000 км2. Йæ тæккæ арф бынаты дзы 600 метры ставд дон ис.
Карæйы денджызы æййафынц цæугæдæттæ Обь æмæ Енисей.
Карæйы денджыз у тынг уазал. Афæдзы фылдæр хай ихæй æмбæрзт у.
Сæйраг порт у Диксон. Карæйы денджызы цæуы Цæгат денджызон фæндаг.
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.