Карамидас, Алинæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Карамидас, Алина-æй æрвыст)
Алинæ Карамидас
Мæлæты датæ 1969
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз мæнгномрайсæг

Алинæ Карамидас (йæ дыккаг мойы мыггаг), «Нана Алинæ» дæр (англ. «Granny Alena»; ? — 1969, Хуссар Африкæйы Республикæ) мæнгномрайсæг, йæхи хуыдта император Николай II-ы чызг (бæлвырдæй нæ загъта, уыдонæй чи уыд, фæлæ æнхъæлдæуы Мария). Æцæг, æндæр мæнгномрайсджыты хъауджыдæр йæ хабар никуы схъæр кодта, æрмæст сусæгæй радзырдта сыхагон сывæллæттæм, паддзахы чызг кæй у, уый. Йæ царды хабæрттæ ничи зыдта, ницы бæлвырдгæнæн гæххæттытæ йæм уыди, стæй пъæлицæйæ-иу тынг тарсти.

Йæ амæлæты фæстæ, кæмæн паддзахы чызджы кой кодта, уыцы сывæллæттæй иу, Габриэль-Луис Дюваль, «Нана Алинæйы» хъуыддаг айхъуысын кодта. Фæндыди йæ, цæмæй сылгоймаджы стджытæй ДНК-анализ дæр скæной, фæлæ уымæл боныхъæды аххосæй биологон æрмæг сси нæбæзгæ. Алинæ Карамидасы сæргæхц раиртасыны фæдыл ахуыргæндтæ рахæстой хатдзæг, уый, дам, княжнæ Марияйы хуызæн у, фæлæ бæлвырд зæгъын ницы уыд сæ бон.

Фæстæдæр, 2007-æм азы июлы æцæг Марияйы буары байзæддаг Уралы ссæрдæуы, Романовы мыггаджы æндæр стæгдартæм ’ввæхс. Уымæн бæлвырдгæнæн разынди ДНК-анализ дæр.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]