Хъаратæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Караевы-æй æрвыст)

Хъаратæ[1] (уырыс. Караевы, гуырдз. ყარაშვილი[1]) сты ирон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Хъараты мыггаг Дыгургомы куыд фæзынд, уый тыххæй Хъараты хистæртæ фæкæнынц ахæм хабар: раджы кæддæр Уæлладжыры комы Дагомы Хъараты Габица кæйдæр амардта, уымæ гæсгæ æфсымæртæ уырдыгæй лидзинаг фесты. Бадзи, Дзидзи æмæ Бабицо Дагомæй ралыгъдысты Дыгургоммæ æмæ æрцардысты Къæмунты. Дагомы баззад Бабицойæн йæ ус. Уый йæхибар нæ уыд, райгуырд ын лæппу. Лæппу куы сыстыр, уæд йæ фыды æрцагуырдта. Ссардта йæ Къæмунты хъæуы, загъта йын, йæ туджджынтæ йæ кæй агурынц æмæ уæд Бабицо æмæ йæ фырт алыгъдысты Лезгоры хъæумæ. Иннæ дыууæ æфсымæрæн сæ цæуæтæй бирæтæ Лескенмæ алыгъдысты.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 174.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 136.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 324–325.