Кæнгæ ’фсымæр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Кæнгæ ’фсымæртæ-æй æрвыст)

Кæнгæ ’фсымæртæ — аразгæ хæстæгдзинады хуыз, ивгъуыд заманты арæх æмбæлдис.

Ацы æгъдаумæ гæсгæ-иу дыууæ мыггагæй, хатгай та алы адæмыхæттытæй чи уыдис, ахæм нæлгоймæгтæ кæрæдзиимæ ныффидар кодтой тугхæстæгдзинады æмсæр ахастдзинæдтæ. Æфсымæртæ скæныны размæ-иу фидæны æфсымæрты царды æрцыдис исты тынг диссаджы цаутæ. Кæнгæ ’фсымæры ахастдзинæдтæ фидаргæнгæйæ-иу фидæны æфсымæртæ ард бахордтой, кæрæдзиуыл иузæрдион æмæ æнувыд кæй уыдзысты (кæнгæ æфсымæр æрдхорд дæр уымæн хуыйны), æххæстгонд дзы цыдысты алыхуызон æгъдæуттæ бæрæг фæткмæ гæсгæ; фыццаджыдæр-иу фидæны æфсымæртæ символикон æгъдауæй сæ туг сæмхæццæ кодтой æмæ банызтой, баивтой-иу сæ хæцæнгæрзтæ.

Дыгуры-иу кæнгæ æфсымæр скæныны фæндон чи бахаста, уый-иу йæ кæнга ’фсымæрæн балæвар кодтаид бæх æд саргъ, хуыдтой йæ балæвар æрдхордæн. Ахæм ахастдзинæдтæ кæнгæ æфсымæртыл æвæрдтой тугхæстæджыты хæстæ, суанг ма туг исыны хъуыддаджы архайыны хæс дæр.

Ирон зондахасты кæнгæ ’фсымæрты ахастдзинæдтæ нымад уыдысты уæлфæдзæхст хъуыддагыл æмæ сæ тугхæстæгдзинадæй уæлдæр æвæрдтой, ууыл дзурæг у ирон æмбисонд: «Кæнгæ ’фсымæр æфсымæрæй зынаргъдæр у», стæй фольклорон æрмæг дæр.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.