Историон-культурон регион
Внешний вид

Историон-культурон регион кæнæ историон-этнографион регион – ахæм территори, æмæ дзы цы адæм цæры, уыдонмæ сæ иумæйаг историон хъысмæт æмæ социалон-экономикон рæзт æмæ кæрæдзийы æндæвдмæ гæсгæ фæзынди æмæ ис æнгæс культурон æмæ царды уаджы хицæндзинæдтæ, кæцытæ зынынц сæ материалон культурæйы-традицион цæрæнуæтты хуызты, фæлдзæуæн мадзæлтты, хойраджы, хæдзары дзаумæтты, уалæдарæсы, къахыдарæсы, фæлындæнты æмæ æнд.ах., стæй сæ монон культурæйы-къæлиндарон фæтк æмæ æгъдæутты, зондахасты, фольклоры æмæ æнд.ах. Историон-культурон регионтæ сты, зæгъæм, Цæгат Кавказ, Астæуккаг Азийы регион æмæ æнд.ах.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.