Ирон фольклор

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Ирон фольклор у ирон адæмы дзургæ сфæлдыстад: кадджытæ, зарджытæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ æмæ афтæ дарддæр.

Фольклоры уацмыстæ фыстой: Тыбылты Алыксандр, Карсанты В., Гæззаты У., Бедзысаты У., Санакъоты П., Уанеты Захар æмæ æндæр иртасджытæ.

Ирон эпос[ивын | Бындур ивын]

Ирон националон эпосыл нымад у «Нарты кадджытæ». Уыцы кадджыты йеддæмæ хуссары Даредзанты таурæгътæ дæр парахат уыдысты.

Цæгат Ирыстоны фольклор[ивын | Бындур ивын]

Кæс сæрмагонд æххæст статья: Цæгат Ирыстоны фольклор.

Хуссар Ирыстоны фольклор[ивын | Бындур ивын]

Кæс сæрмагонд æххæст статья: Хуссар Ирыстоны фольклор.

Хуссар Ирыстоны арæх сты дзыхы уацмыстæ; цæвиттон, ахæм уацмыстæ, аив кæнæ поэтикон фольклоры номæй кæй хонынц. Хуссар Ирыстоны фольклор аппæй дæр æмæ формæйæ дæр хæстæг лæууы Цæгат Ирыстоны фольклормæ, фæлæ йæм ис хи сæрмагонд миниуджытæ дæр. Ахæм сæрмагонд миниуджытæ æвдисынц, цавæр æндæрхуызон фадæттæ цардис Хуссар Ирыстоны адæм ивгъуыд заманты.

Хуссар Ирыстоны дзыхы уацмыстæ æвæджиау хъæздыг сты аппæй. Тынг алыхуызон сты сæ формæтæ æмæ сæ жанртæ.

Дæнцæг[ивын | Бындур ивын]

Мæнæ чиныг «Хуссар Ирыстоны фольклор»-æй дзургæ сфæлдыстады дæнцæг:

Æртæ æфсымæры[ивын | Бындур ивын]

Сидæмон, Хъусæг æмæ Æгъуыза уыдысты æфсымæртæ. Бирæ фæцардысты æмæ уарын æрымысыдысты. Уыдис сын уаринаг сыгъзæрин кард, сыгъзæрин тын æмæ сыгъзæрин пурти. Байуæрстой, æмæ тын фæцис Сидæмоны, кард фæцис Æгъуызайы, пурти Хъуызæджы. Хъусæг кæсдæр уыди. Æркæнæггаг лæг сын уыд Цъæхил, æмæ йæ Хъуысæгæн балæвар кодтой. Афтæмæй тын куыд даргъ уыди, афтæ Сидæмоны мыггаг дæр адаргъ æмæ бæстæ бацахста. Æгъуызайы кард фæцис, æмæ æхсар уый мыггагæн баззад. Пурти Хъуызæджы фæцис, æмæ кад уый мыггагæн баззад.

Радзырдта йæ Джабиты Хъаплан.

Артъауыз æмæ йæ сфæлдисонтæ[ивын | Бындур ивын]

Хуыцау сфæлдыста цыппар хорзы: се ’ппæты сæйраг Артъауыз, иннæ мæнæу, иннæ лæг, аннæ фыс. Лæг æмæ фыс æмæ мæнæуæн семæ сфæлдыста фæйнæ хæйрæджы. Гъе ныр æртæ хорзæн семæ ис æртæ хæйрæджы, æмæ сыл фæсмон кæны хуыцау, «куы нæ сæ сфалдыстаин фæлтау». Уыдон цавæр хæйрæджытæ уыдысты? Лæгæн ус йемæ, фысæн сæгъ, мæнæуæн сысылы. Артъауыз нын хорзæн фæлдыст уыд бæргæ, фæлæ адæмты ардыдта зыгъуыммæдзинадыл иуыл. Уæд Хуыцау Уациллайæн загъта, Артъауызы куыд сласа йæхимæ. Уацилла арвыл авæрдта мигъы сыг. Ныкъæрццъ æй ласта æмæ йæ фелвæста йæхимæ. Хъуамæ йæ бабастаигкой мæйы мыдæг. Уæд фелвæста Артъауыз йæ дыууæ къухыдзаг хуыртæ æмæ дуртæ, ракалдта сæ æмæ загъта: «Уым цал муры ис, уал змæлæджы фестут, баззайут зæххон адæмæн фыдбылызæн». Уæд æй мæйы мидæг æфсæйнаг зæгæлтæй ныххуыдтой. Уыцы хуыртæ æмæ дуртæ фестадысты зæххыл æнæххуыс змæлæг цы ис, уыдон: кæлмытæ æмæ бындзытæ, хъæндилтæ æмæ чъиатæ. Артъауыз куы раирвæза, уæд адæмы бахæрдзæн. Цæмæй ма раирвæза, уый тыххæй алы куырд дæр хъуамæ уæлдай цæф кæна хъæсдарæгыл.

Радзырдта йæ Гуыбаты Дзагко

Фольклоры бынат этносы культурæйы[ивын | Бындур ивын]

Дунейы номдзыд фысджытæй бирæ ахæм нæ разындзæн, йе сфæлдыстады стыр хæсджын чи нæ у фольклорæй, адæмы таурæгътæ, аргъæуттæ, кадджытæ æмæ зарджытæ. Дунейы стырдæр поэттæ æнæвгъау æмæ парахатæй истой се сфæлдыстадмæ фольклоры æнæбын денджызæй.

Рагон бердзейнаг фысджытæ Есхил æмæ Софокл сæ ахъаззагдæр драмæтæ сарæзтой адæмы таурæгъты æрмæгыл: «Прометей», «Авдæй Фивы ныхмæ», æмæ æндæртæ.

Овидийы диссаджы «Метаморфозтæ» сты поэтикон æвзагмæ ивд адæмы мифтæ. Фольклоры бындурыл арæзт сты Вергилийы «Енеидæ» æмæ Апулейы «Сызгъæрин хæрæг» (уæлдайдæр «Амур æмæ Психейы» эпизод). Боккаччойы «Декамеронæн» йæ фылдæр хай у адæмон æмбисæндтыл арæзт. Æнæвгъау истой фольклорæй иннæ италиаг поэттæ дæр: Бойардо æмæ Ариосто («Роданды кадæг»), Тассо («Риналдо» æмæ «Сæрибаргонд Иерусалим») æмæ æндæртæ.

Парахатæй хъацыд сты фольклорон мотивæй Францы разагъды фыссæг Раблейы роман «Гаргантюа æмæ Пантагрюэль». Гётейы номхæссæн поэмæ «Фауст», немыц сæхи буц цы «Фауст»-æй кæнынц, уымæн йæ бындур у рагон адæмон таурæгъ. Фолкорон æрмæгыл арæзт сты Шиллеры «Вилгельм Телль», Вальтер Скотты балладæтæ æмæ иуæй-иу романтæ, Милтоны «Сæфт дзæнæт», Байроны «Манфред», Лонгфеллойы «Гайаватайы кадæг», Пушкины «Руслан æмæ Людмилæ», стæй йæ «Аргъæуттæ», Лермонтовы «Калашников-къупецы кадæг» æмæ ноджы бирæ хæрзаив поэтикон сфæлдыстытæ æгас дунейы литературæйы дæр.

Ирон литературæ дæр февнæлдтытæ кодта фольклорон æрмæгмæ, æмæ уыцы фыццаг февнæлдтытæй дæр бæрæг у, цы диссаджы фадæттæ, цы рæсугъд поэтикон æрмæг æмæ сюжеттæ æмбæхст и нæ фольклоры мидæг, нæ литературæ схъæздыг кæнынæн чи сбæздзæн, ахæм.

Нæ литературæйы сæууон стъалы Хетæгкаты Къоста иттæг арф æмæ æххæстæй æмбæрста нæ фольклорæн йæ уд æмæ йæ ирд æмæ рæсугæй равдыста йе сфæлдыстады: «Æфсати», «Уæлмæрдты», «Лæскъдзæрæн», «Лæг æви ус», «Саг æмæ уызын», «Рувас æмæ зыгъарæг» «Марходарæг», «Булкъ æмæ мыд», «Арс æмæ бирæгъ», «Æрра фыййау» — ацы уацмыстæ арæзт сты иууылдæр фолклоры ’рмæгыл.

Иннæ ирон фысджытæй дæр бирæ сæ ахъаззагдæр фæллæйттæ самадтой фолклоры бындурыл:

Гæдиаты Секъа: «Чермен», «Арагуийы æлдар» æмæ æнд., Къубалты Алыксандр: «Æфхæрдты Хæсанæ», Брытъиаты Елбыздыхъо: «Хазби», «Амыран», Малиты Геуæрги: «Гъонгæси фурт — мæгур Мæхæмæт» æмæ æнд., Беджызаты Чермен: «Мæсгуытæ дзурынц», Хъуылаты Созырыхъо: «Тотрадзы зарæг» æмæ æндæртæ.