Зиу

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Зиугæнæг-æй æрвыст)

Зиу, дыгур. зеу[1] – кæрæдзийæн баххуыс кæныны мадзæлттæй иу. Хъæуы цæрджытæй-иу исчи зиу куы ракодта, уæд ын-иу æппæтхъæубæстæ иумæ исты куыстыты баххуыс кодтой, кæрæдзийæн баххуысы ахæм мадзалы сæр-иу бахъуыдис сæрмагонд уавæрты. Арæх-иу ацы иумæйаг куысты фæстæ зиумæ æрцæуджытæ фæбадтысты дзаджджын фынгыл, æрæвæрдта-иу æй зиу ракæнæг, кæнæ та зиууæттæ сæхæдæг, къусбарæй. Ахæм иумæйаг æххуыс зиу ракæнæгыл æвæрдта æрмæстæр иу хæс – хъæубæстæй кæнæ йæ зиумæ æрцæуджытæй чифæнды дæр зиу ракодта, зæгъгæ, уæд ацу æмæ де ’ххуысы хай бакæн[2].

Канд хицæн адæймæгтæн баххуыс кæныны фæдыл-иу нæ расидтысты зиу. Æппæт æхсæнадæн (хъæубæстæн кæнæ комбæстæн) ахсджиаг, хъæугæ хъуыддæгтæ — хид, фæндаг, йе хъахъхъæнæн мæсыг саразын, кæнæ сцалцæг кæнын, кувæндонмæ базилын æмæ æндæр ахæм куыстæгтæ баххæст кæныны оххыл-иу фæсидтысты адæммæ, цæмæй алчидæр йе ’ххуысы хай бахæсса. Зиуы бацархайынæй хи иуварс ласын уыд худинаг, æнæсæрмæхæссинаг.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1989.
  2. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.