Дзуар (мифологи)
Внешний вид
Дзуар у зæд, бардуаг ирон мифологийы. Дзуар фылдæр хатт вæййы хицæн мыггæгтæ, хъæутæ, æмæ бынæтты хæрзгæнæг, аудæг, фæлæ арæх æмбæлы куыд аграрон бардуаг (Хохы дзуар), стæй лæппу цот чи дæтты, ахæм бардуаг (Фыры дзуар) æмæ æнд. Ирон адæм куыд нымайынц, афтæмæй дзуар вæййы алы хуызты: адæймаджы хуызы (Ног дзуар), фыры хуызы (Фыры дзуар), къодахы хуызы (Ататы дзуар) йæ базыртæ рухс кæмæн уадзынц, цæхæртæ кæмæн калынц, ахæм æнахуыр стырбазырджын цæрæгойы хуызы (Ичъына) æмæ æнд.[1]
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.