Тер-Ованесян, Даянæ Ованесы чызг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Даянæ Тер Ованесян
англ. Diana Der Hovanessian
Райгуырды датæ 1934-æм азы 21 майы(1934-05-21)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2018-æм азы 1 мартъийы(2018-03-01)[1] (83 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэтессæ, тæлмацгæнæг, фыссæг
Жанр поэзи
Уацмысты æвзаг сомихаг æмæ англисаг
Хорзæхтæ
Автограф Подпись
dianaderhovanessian.com

Тер-Ованесян Ованесы чызг Даянæ (сом. Դայանա Տեր-Հովհաննիսյան; райгуырд 1922-æм азы 21-æм майы, фæзиан 2018-æм азы 1-æм мартъийы[2]) — сомихаг-америкæйаг поэт, тæлмацгæнæг æмæ фыссæг. Йæ поэзийы фылдæр хай уыд нывондгонд Сомихæн æмæ сомихаг диаспорæйæн. Ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта фондз æмæ ссæдз чиныгæй фылдæр.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Тер-Ованесян Ованесы чызг Даянæ райгуырд Вустеры сомихаг бинонты.[3] Ахуырад райста Бостоны университеты англисаг æвзаджы специализацийы, стæй йæ ахуырад адарддæр кодта Гарварды университеты, ахуыр дзы кодта Роберт Лоуээлмæ[4]. Сси америкæйаг литературæйы профессор Ереваны паддзахадон университеты æмæ сомихаг поэзийы профессор. Уыдис бирæ семинарты разамонæг, се ’хсæн уыдысты Бостоны университеты семинартæ, Бард-колледжы æмæ Колумбийы университеты. Уый йеддæмæ ма уыд хуынд поэт æмæ америкæйаг поэзийы лектор, сомихаг поэзийы тæлмацы. Ноджы ма фыста АИШ-ы æмæ фæсарæнты адæмы бартыл литературæ. Æртын азæй фылдæр уыд Ног Англисы поэзийы клубы президент, стæй та сси Колумбийы университеты тæмалмацгæнæн цæдисы уæнг. Куыста поэтæй Массачусеты скъолаты.

Йæ поэзийы æртæ томы сомихаг æвзагмæ æрцыдысты тæлмацгонд æмæ сæ Ереваны мыхуыры рауагътой. Йæ уацмыстæ дæр тæлмацгонд сты бердзенаг, францусаг æмæ румынаг æвгзæгтæм[5]. Тер Ованесяны æмдзæвгæта мыхуыры цыдысты газетты «The New York Times», «Christian Science Monitor», «The Boston Globe», «Paris Review», «The Writer’s Almanac», «AGNI», «The American Poetry Review», «The Nation» æмæ бирæ æндæрты.

Хорзæхтæ[ивын | Бындур ивын]

  • Сыгъзæрин майдан Сомихы культурæйы министрадæй
  • Тæлмацы преми Месроб Мештоцы номыл (2003-æм аз)
  • Сомихы Национ Библиотекæйы майдан
  • Сомихы фыссæджыты цæдисы преми
  • Сыгъзæрин пъеро Ног Англисы фыссæджыты клубæй
  • Национ фыссæджыты цæдисы преми
  • Сыгъдæг Саакайы майдан
  • Патерсоны преми
  • Преми æхсæнадæмон поэтикон форумы публикацийы тыххæй
  • Преми QRL Colladay публикацийы тыххæй
  • Колумбийы университеты Сомих центры преми
  • Барселонийы Дунейы Преми
  • Бостоны университеты зынгæ ахуыргæнинаг
  • Америкæйаг поэтикон Цæдисы Мэри Кэролайн Девисы преми лирикон поэмæйы тыххæй
  • Ног Англисы Поэтикон Клубы Гретхен Уоррены номыл преми
  • Бирæ хорзæхтæ дунеон поэт-нарративвисты орденæй

Хайон библиографи[ивын | Бындур ивын]

  • Куыд равзæрдауа хи ивгъуыд афон (1978-æм аз)
  • Æрбад мæ цуры æмæ байхъус Кушаг: Нахабелы Кушагы астæузаманы æмдзæвгæтæ (1984-æм аз)
  • Рæстæгыл: æмдзæвгæтæ (1987-æм аз)
  • Зарджытæ дзулыл, зарджытæ цæххыл (1990-æм аз)
  • Равзæргæ ’мдзæвгæтæ (1994-æм аз)
  • Кафджыты къорд (1996-æм аз)
  • Бонæй бонмæ: æмдзæвгæтæ (1999-æм аз)
  • Судзгæ авг: æмдзæвгæтæ (1999-æм аз)
  • Дыккаг фарст: æмдзæвгæтæ (2007-æм аз)
  • Кæфтытæ моладзандоны: æмдзæвгæтæ (2001-æм аз)

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. https://mirrorspectator.com/2018/03/02/poet-diana-der-hovanessian-passed-away/
  2. Poet Diana Der-Hovanessian Passed Away. The Armenian Mirror-Spectator (2 мартъийы 2018). Датæ: 2018-æм азы 3 мартъийы.
  3. Kherdian, David. Forgotten bread: first-generation Armenian American writers(англ.). — Heyday Books, 2007. — P. 269.
  4. Bouvard, Marguerite Guzman. Landscape and exile. — Rowan Tree Press, 1985. — С. 164.
  5. Hairenik. Diana Der Hovanessian: Dispensing Grace, The Armenian Weekly, 2018-03-02. (in en)

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]