Гуыбыртæ
Внешний вид
Гуыбыртæ | |
---|---|
Равзæрд | Хæмæтатæ[1] |
Гуыбыртæ[1] (уырыс. Губураевы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Гуыбырты рагон мыггаг уыд Хæмæтатæ. Хæмæтатæй иу лæг рахауд уæлхæдзарæй æмæ йæ астæу асаст. Уый адыл фæгуыбыр, фæсномыгæй йæ хонын райдыдтой гуыбыр. Куыд фæстагмæ йын ацы фæсномыгæй райдыдтой хонын йæ цæуæты дæр æмæ уымæй равзæрд мыггаг. Гуыбыртæ хорз хъуыды кæнынц, Хæмæтатæй кæй уыдысты раздæр, уый.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 1,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.