Гаджиты Георги
Гаджиты Барисы фырт Георги (райгуырдис 1932-æм азы Кировыхъæуы — амардис 1998-æм азы) у ирон поэт.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Гаджиты Георги райгуырди Цæгат Ирыстоны Кировыхъæуы. Бакасти сæ хъæуы астæуккаг скъолайы, стæй та Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институты. Дзæуджыхъæумæ куы сыздæхт, уæд ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты аспирантурæйы. Куыста журнал «Мах дуджы» редакцийы, Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры литературон хайады сæргълæууæгæй, Фысджыты цæдисы консультантæй æмæ бæрнон секретарæй.
Георгийы æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æхсæрдзæн» мыхуыры рацыди 1956 азы. Æмдзæвгæтæй уæлдай ма фыста пьесæтæ æмæ литературон-критикон уацтæ. Йæ поэтикон уацмысты æххæстдæр æмбырдгонд «Гутон æмæ стъалытæ» йын рауагъта чиныгуадзæн «Ир» 1982 азы.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012