Википеди:Ног хабæрттæ/архив
2012
[Бындур ивын]- 12 майы — ФК «Алани» Футболон национ лигæйы райста дыккаг бынат æмæ рацыд Премьер-лигæмæ[1].
- 7 майы — Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины инаугураци ацыд Мæскуыйы.
- 19 апрелы — Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды инаугураци ацыд Цхинвалы.
- 4 мартъийы — Уæрæсейы Федерацийы ацыдысты президенты æвзæрстытæ. Фыццаг хатт президент æвзæрст цыди 6 азмæ. Уæрæсейы цæрджытæ хъæлæс кодтой 5 кандидатыл. Уыдонæй 4 уыди партиты минæвæрттæ, иу та йæ кандидатурæ йæхæдæг чи балæвæрттæ, ахæм адæймаг.
Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Уæрæсейы цæрджытæй схъæлæс кодтой 65 %. Уыдонæй Владимир Путиныл сæ хъæлæстæ радтой 63,6 %, Геннадий Зюгановыл – 17,18 %, Владимир Прохоровыл 7,98 – %, Владимир Жириновскийыл – 6,22%, Сергей Мироновыл – 3,85 %.
2011
[Бындур ивын]- 14 ноябры — Хуссар Ирыстоны ацыдысты президенты æвзæрстытæ. Райсомы 8 сахатæй кусын райдыдтой 86 æвзарæн хайады. Республикæйы цæрджытæ æвзæрстой 11 кандидаты ’хсæн. Æвзæрстытæ куыд цæуынц, уымæ кастысты 80 дунеон цæстдарæджы, аккредитаци райстой 46 уацхæссæджы. УФ-йы центрон æвзарæн къамисы минæвæрттæ дæр сæ цæст дарынц æвзæрстытæм.
Уыцы иу рæстæг ма республикæйы ацыд референдум – Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзагæн паддзахадон статус раттыны тыххæй.
Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, кандидаттæй иу дæр 50 % нæ райста. Уымæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн 2-аг тур.
Æвзарджыты хъæлæстæ адих сты афтæ:
- Бибылты Анатолий 23,8 %
- Джиоты Аллæ 24,6 %.
Иннæ кандидаттæй 10 % дæр ничи æрæмбырд кодта. Республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæргълæууæг куыд хъусын кæны, афтæмæй æвзæрстыты 2-аг тур ацæудзæн 15 боны фæстæ.
- 7 ноябры — Прозаик, драматург, зындгонд æхсæнадон архайæг Хъайттаты Сергæйы номыл абон Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Зындгонд фыссæджы ном æрымысынмæ æрбацыдысты йæ хиуæттæ, æмбæлттæ, хæстæджытæ, ирон театры актертæ æмæ йе сфæлдыстад уарзон кæмæн у, уыдон. Йæ номыл хъуыстысты бирæ рæсугъд ныхæстæ.
Фыдыбæстæйы стыр хæсты фæндæгтыл кæронмæ чи фæцыд, фыдæвзарæнтæ чи баййæфта, уыцы адæймагæн æнæзонгæ нæ уыдысты зындзинæдтæ. Хорз æнкъардта адæймаджы миддуне. Дзурын сыл нæ уарзта. Фæлæ сæ иттæг хорз æвдыста йæ уацмысты. Дунейы алы бæстæты йæ чингуытæм гæсгæ æвæрд æрцыд 22 спектаклы. Йæ «Ирон хабæрттæ» та сты Гарварды музейы кадджындæр экспонаттæй иу.
Ходы Камал, РЦИ-Аланийы фысджыты цæдисы сæрдар: «Абон ардæм чи æрбацыд, уыдон иууылдæр сты Сергейæн кад æмæ æгъдау чи кæны, уыдон. Стыр бынтæ ныууагъта, литературæмæ зынгæ æвæрæн бахаста. Уыд тынг зæрдæхæлар, уæздан. Кæд бирæ цыдæртæ бавзæрста, уæддæр никуы ницæмæй рахъаст кодта. Кæддæриддæр уыд хиуылхæцгæ, æмгаруарзаг, æцæг ирон лæг».
2010
[Бындур ивын]- 14 апрелы — Китайы провинци Цинхайы æрцыдис тыхджын зæххæнкъуыст, фæмард дзы 1484 адæймаджы.
- 10 декабры - Мæскуыйы уырыссаг националистты хъæппæрисæй æрцыдысты змæстытæ Кавказы æдæмты ныхмæ. Цалдæр адæймаджы фæмарди националистты къухæй. Уырыссаг националисттæ сыстадысты се ’хсæнæй иуы куы амардтой цалдæр кавказаджы Мæскуыйы уынгты, уый фæстæ.
2009
[Бындур ивын]- 26 ноябры — Газет «Эр-Рияд» куыд фехъуысын кодта, афтæмæй Сауды Араббы чи уыди, уыцы тæрккъæвдаты фыдæй фæмарди 48 адæймаджы.
- 20 мартъийы — 10-минутон сюжет Ирон Википедийы тыххæй Цæгат Ирыстоны телеуынынады популярон изæрон программæ «Пятница»-йы.
2006, октябры мæй
[Бындур ивын]- 2 октябры — Уæрæсейы транспорты министрад 24 сахатæй æрурæдта Гуырдзыстонимæ æфсæнвæндагон, денджызон, авиацион æмæ автомобилон бастдзинад.
2006, апрелы мæй
[Бындур ивын]2006, мартъийы мæй
[Бындур ивын]- 26 мартъийы — Парламентон æвзæрстытæ Украинæйы.
- 11 мартъийы — Гаагæйы амард Югославийы кæддæры президент Слободан Милошевич.
- 2 мартъийы — Ирон Википедийы фæзынди 1400-æм статья. Уый у фыссæг Черчесты Аланы тыххæй статья.
2006, февралы мæй
[Бындур ивын]- 16 февралы, раздæры Дагъистаны сæргълæууæг Магомедали Магомедов фехъуысын кодта, æмгъудагъоммæ йæ бынатæй кæй ацæуы, уый тыххæй.
2006, январы мæй
[Бындур ивын]- 15 январы — Википедийы бон. Фондз азы дæргъы рæзы Википеди, фыццаг англисагау, стæй бирæ æндæр æвзæгтыл, уыдоны ’хсæн 2005-æм азæй фæстæ ирон æвзаг дæр у.
2005, ноябры мæй
[Бындур ивын]- 3 ноябры — амард зындгонд уæрæсейаг журналист Отто Лацис.
2005, октябры мæй
[Бындур ивын]- 21 октябры Цхинвалы нæ ног архайæг Reva зындгонд фыссæг æмæ критик Джусойты Нафийæн фенын кодта ирон Википеди. Википеди Нафийы зæрдæмæ фæцыд, уый баххуыс кодта энциклопедийæн йæ мидисджын фиппаинæгтæй.
- 13 октябры — Налцыккмæ лæбурд.
- 12 октябры — 35 мин статьяйы уырыссаг Википедийы.
2005, сентябры мæй
[Бындур ивын]- 25 сентябры фесты Польшæйы парламентмæ æвзæрстытæ.
2005, майы мæй
[Бындур ивын]- 25 майы Википеди уырыссаг æвзагыл райрæзти 19 мин статьяйы онг.
- 31 майы Цæгат Ирыстоны президент Дзасохты Алыксандр йæ бынат суæгъд кодта. Уыцы хабарыл Уæрæсейы хицауад нæма сразы ис официалон æгъдауæй.
- 7 июны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы Парламент сфидар кодта Мамсыраты Таймуразы республикæйы президенты бынатыл.
2005, апрелы мæй
[Бындур ивын]- 6 апрелæй 7 апрелмæ басыгъд Хетæгкаты Къостайы номыл ирон драмон театр Цхинвалы. 1930-æм азты кæй сæвæрдтой, уыцы телтæ раджы уыдысты раивинаг, фæлæ афойнадыл ивд не ’рцыдысты.
2005, мартъийы мæй
[Бындур ивын]- 22 мартъийы ирон Википедийы тыххæй стыр интервью Иванов Вячеславимæ фæзынди сайт Ossetia.ru-йы мидæг. Бацæттæ йæ кодта, П. Иналов, зæгъгæ, ахæм фæсномыгæй, иу чъребайаг уацхæссæг.
- 18 мартъийы англисаг Википедийы хай райрæзти 500 мин статьяйы фылдæрмæ. Уымæй сси дунейы цы стырдæр энциклопедитæ ис, уыдонæй иу.
- 2 мартъийы ирон Википедийы тыххæй стыр уац фæзынди ирон диаспорæты сайт Iriston.ru-йы мидæг. Бацæттæ йæ кодта Соколова Наталья.
2005, февралы мæй
[Бындур ивын]- 28 февралы ирон Википеди скуыста официалон æгъдауæй.
- 16 февралы йæ тыхы бацыдис Киотойы протокол.
- 14 февралы фæмард Ливаны миллиардер æмæ политик Рафик аль-Харири.
- 7 февралы Википедийы прототип ирон æвзагыл скуыста.