Блуфилдс
Сахар | |||
Блуфилдс | |||
---|---|---|---|
Bluefields | |||
|
|||
12°00′ с. ш. 83°45′ з. д.HGЯO | |||
Паддзахад | Никарагуæ | ||
Истори æмæ географи | |||
Бындурæвæрд | 1602 æмæ 1903 | ||
Фæзуат |
|
||
Сахатон таг | UTC−6:00 | ||
Цæрджытæ | |||
Цæрджытæ |
|
||
Цифрон идентификатортæ | |||
Телефонон код | +505 | ||
Посты индекс | 81000 | ||
bluefields.gob.ni | |||
|
|||
Викикъæбицы медиа |
Блуфилдс (исп. Bluefields, англ. Bluefields) у Никарагуæйы сахар, Атлантикон Хуссары сæйраг сахар, Москитон былгæроны стырдæр цæрæнран æмæ Карибы денджызыл Никарагуæйы ахсджиагдæр порт. Блуфилдсы цæры 45 547 адæймаджы (2005). Сахар лæууы Блуфилдсы бакæлæны былыл, цæугæдон Эскондидойы денджызмæ æфтæныл.
Блуфилдсмæ бæстæйы æндæр регионтæй нæй æрбацæуæн, хæдтæхæг кæнæ науыл йеддæмæ. Никарагуæйы цæрджытæй сæ фылдæр кæм цæры, уыцы ныгуылæн регионтæ æмæ Карибы былгæроны ’хсæн ис тар тропикон хъæд æмæ цъымаратæ.
Дам-думтæм гæсгæ, Блуфилдсы экономикæ у кокаины транспортировкæимæ баст. Кокаин фæхæссынц-иу Колумбийæ АИШ-мæ, тагъддзу чысыл бæлæгъты. Арæнгæстæ ахæм бæлæгъмæ куы балæбурынц, уæд наркотикласджытæ сæ голлæгтæ денджызмæ аппарынц. Денджызы гуылфæнтæ фæхæссынц уыцы «хæзнатæ» Москитон былгæроны ’рдæм, Блуфилдсы регионмæ[2]. Иу килограммы аргъ у 3500 доллæры, бынæттон хъæуккаг, иу ахæм зынаргъ голлаг ссаргæйæ, йе ’нæхъæн цардæн æхца бакусы.