Бенгалы бакæлæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бенгалы бакæлæн
Характеристикæ
Фæзуат2 191 000 км²
Стырдæр арф4519 м
Астæуккаг арф2600 м
Ран
14°56′16″ с. ш. 87°27′33″ в. д.HGЯO
ФурдИндийы фурд 
Индийы фурд
Бенгалы бакæлæн
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Бенгалы бакæлæн[1] кæнæ Бенгалийы бакæлæн ис Индийы фурды цæгат-скæсæны, æхсы Индийы, Бангладешы, Мьянмæйы æмæ Шри-Ланкайы былгæрæттæ.

Бакæлæны цæгатаг кæрон æхсы, йæ ном ын чи радта, уыцы историон облæст Бенгали (уымæ хауы ныртæккæйы Бангладеш æмæ Индийы штат Ныгуылæн Бенгали).

Бенгалы бакæлæнмæ кæлынц бирæ стыр цæугæдæттæ — Ганг, Брахмапутрæ æмæ Мегхнæ, Кришнæ, Годавари, Кавери, Маханади, Иравади.

Бакæлæны стырдæр порттæ сты Ченнай, Вишакхапатнам, Калькуттæ (Инди), Читтагонг (Бангладеш).

Бакæлæны цæгат-скæсæйнаг былгæроныл, Кокс-Базары сахармæ (Бангладеш) хæстæг æрбынат кодта дунейы дæргъвæтиндæр пляж (у 120 километры дæргъæн).

Гидрологион, гидрохимион æмæ æндæр æууæлтæм гæсгæ Бенгалы бакæлæн у денджыз.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.