Бекмæрзты Афон
Бекмæрзты Афон (райгуырдис 1918-æм азы — амардис 2007-æм азы) у ирон поэт, фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Райгуырд 1918 азы 22 ноябры Уæллагкомы Къæмынты хъæуы. Ахуыр кодта Къæмынты райдайæн, уын фæстæ та Фæснæлы астазон скъолайы. 1936 азы бацыд педагогон институты дæлкурсытæм, уырдыгæй та — институты литературон хайадмæ.
1941 азы институты фæстаг курсы паддзахадон æртæ фæлварæны куы радта, уæд æм 22-23 июны, раст хæсты райдайæны æхсæв æрбацыдысты æртæйæ æмæ йæ акодтой. Дыууæ мæйы йæ ахæстоны камерæйы иунæгæй фæдардтой, стæй йын æнæ иу æвдисæнæй республикæйы сæйраг тæрхондон рахаста тæрхон 7 азы ахæстоны фæбадын æмæ ма уый фæстæ йæ хъæлæсы бартæ 2 азы ист куыд уой.
Лагеры Афон фæци дыууæ хатты топпы цæфтæ, басыгътой йын йæ къæхтæ, йæ буарыл ис фондз джебогъы цæфы ностæ. Афтæмæй тыхæйты сыгъд æмæ уырыдæй I къæпхæны инвалидæй йæ хъæубæстыл сæмбæлд 1948 азы. Фæлæ йæ уæддæр æнцад цæрын нæ бауагътой — йæ фæстæ зылд 20 дзырдхæссæджы, органты йыл уыд 13 хахуыры. Уый базонгæйæ Бекмæрзы фырт алыгъд йæ хæдзарæй æмæ йæхи æмбæхста алы рæтты. Уырыссаг æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй куыста Къобы æмæ Ахметъайы районты, Осиаурийы хъæууон скъолайы. Сраст æй кодтой 1955 азы.
Бекмæрзты Афон цыфыддæр знаг — фашизмы ныхмæ тохы, Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныныл лæгæвзарæн карз хæсты бæсты уыд ахæстоны. Йæ уды быцъынæгмæ йæ скодта знаг нæ, фæлæ фыдæвзаг æмæ æнаххосæй аххосджын. Ахæстоны йын кæд цыфæнды зын уыд, цард æмæ дзы адзалы ’хсæн ауæдзыл цыд, уæддæр йæ сагъæстæй нæ хицæн кодта Райгуырæн бæстæйы, йæ адæмы, йæ хæстæг, хиуæтты хъысмæт. Уымæн æвдисæн сты, зындоны цы 200 æмдзæвгæйы ныффыста, уыдон (аирвæзт ма дзы 50). Йæ чингуытæй иу «Æз æрымысын»-ы (рацыд 1971 азы) номарæны та фыссы: «Арын дзы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ цард æрыгонæй кæмæн ахуыссыд, мæ уыцы æфсымæртæ — Уанейы, Созыры, Балоккайы, Афайы, Аслæнбеджы, Михелы, Чермены, Ладийы æмæ иннæты рухс нæмттæ».
Афон æмдзæвгæтæ фыссын раджы райдыдта. 1935 азы. Мыхуыр сæ кодта газеттæ «Рæстдзинад», «Æрыгон большевик», журналтæ «Мах дуг» æмæ «Пионер»-ы. Хицæн чиныгæй сæ рауадзын ын бантыст йæ рæстдзинад куы сбæрæг, уæд. 1958 азы фæзынд йæ фыццаг чиныг «Зæрдиаг ныхас», 1964 азы рацыд «Цæсты рухс», 1971 азы — «Æз æрымысын», 1979 азы «Кæд фембæлдзыстæм?», «Æрвдидинæг» — 1986 азы.
Бекмæрзты Афон фыссы прозаикон уацмыстæ дæр. Йæ радзырдты чингуытæ сты «Сагты рындз», «Бадзидæ», «Мæ ирвæзынгæнджытæ».[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Цгъойты Хазби. Цæвæг марæджы не ’взæрста — Цхинвал: Рауагъдад «Ирыстон», 1996
Ӕддаг ӕрмӕг
[ивын | Бындур ивын]- Афон Бекмурзов, биография и интервью (уырыс.)