Халоны зокъо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Бæхы дзыкки-æй æрвыст)

Халоны зокъо у зокъойы ном. Вæййы æмдымбыл, æмæхгæд, цалдæр боны фæстæ сбутъро вæййы, йæ рыг фæкæлы, куы йыл бахæцай, уæд йæ пыффытт фæцæуы, ардыгæй цæуы йæ дыккаг ном — пыффыттæг кæнæ та йæ хонынц халоны пыффыттæг. Дзырд «халоны» ма йæм æфтыд цæуы, хæрынæн кæй нæ бæззы, уый тыххæй.

Халоны зокъо Чысаны хонынц «пыс», йæ хуылф тутт кæй у, уый тыххæй. Урстуалты та йæ хонынц бæхы дзыкки.

Халоны зокъо куы спыс вæййы, уæд, информаторты ныхæстæм гæсгæ, йæ рыг хъусы куы бакæла, уæд адæймаг кæны къуырма. Уымæ гæсгæ ма йæ хонынц къуырмагæнаг дæр.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзабиты З.Тъ. Ирон адæмон медицинон терминологи. — Цхинвал, «Республика», 2018

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.