Бæллицмæ къахдзоныгътæ
«Бæллицмæ къахдзоныгътæ» (уырыс. «Лыжи мечты») — автономон æнæкоммерцион организаци, социалон æххуысы æмæ адаптацийы центр. Кусы ДЦП-йæ рынчын адæмимæ æмæ æнæниздзинады æндæр цыбыр фадаттимæ. Бындур æвæрд уыд 2014-æм азы Мæскуыйы дыууæ бинойнаг Сергей æмæ Наталья Белоголовцевтæй. Ныр центр архайы Уæрæсейы иннæ регионты дæр. Аргъыл реабилитацион куыст инвалидтимæ кæнынц хæххон къахдзоныгъон фæлтæрæнты хуызы.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Центр бындур æвæрд æрцыд номдзыд актёр æмæ телеамонæг Сергей Белоголовцев æмæ йæ бинойнаг Натальяйæ, уыдон бафæлвæрдтой ахæм методикæ АИШ-ы сæ фырт Евгенийыл. Проекты финансировани йæхимæ райста се мбал Федор Белобородов, стартапæн радих кодта 20 мин доллæры, бизнес-пълан сарæзта консультант Анна Шилова, амынддæттæгты цæттæ кодта америкаг Элизабет Фокс, у Националон спортивон центры æххæстгæнæг директор, кусы æнæниздзинады цыбыр фыдаттимæ адæмимæ. Программæ официалонæй байгом и тæнджы мæйы 26-æм бон хæххон къахдзоныгъон клуб «Кант»-ы – хабар парахатæй рухс кодтой мыхуыры, церемонийы уазджыты хуызы архайдтой зындгонд артисттæ æмæ музыканттæ: Мария Голубкина, Олеся Судзиловская, Марат Башаров, Андрей Мерзликин, Беруаты Егор, Камиль Ларин, Леонид Барац, Юлия Чичерина, Алексей Кортнев.[1][2].
Фыццыг æмбырды уыдысты æрмæст фараст сывæллоны, фæлæ фæстæдæр организацийы масштаб зынгæ фæфылдæр, сезоны кæронмæ центры клиенты нымæц схызт 500 адæймаджы онг. Ахуыр кодтой фондз Мæскуыйы æмæ Подмосковьейы хæххон къахдзоныгъон центрты бындурыл, æмæ Уæрæсейы иннæ æхсæз регионы. Бындурæвæрждытæн сæ бон баци химæ арбакæнын 2 милуан соммæ хæстæг. 2015-æм азы бæрæггæнæнтæм центры куыста 56 амынддæттæджы, уый æдте, реабилитацион куысты активонæй архайдтой волонтертæ. Организацийы архайдæн феххуыс кодтой бирæ номдзыд адæм, зæгъæм, иу тренировкæ бабæрæг кодтой уæрæсейы сборныйы футболистытæ Сергей Игнашевич, Денис Глушаков, Александр Кокорин, Гæбулты Владимир, Антон Шунин æмæ Александр Самедов,[3] инвалидтæ чи сты, уыцы сывæллæттимæ иумæ хæххон къахдзоныгъон трассæ ацыдысты артистытæ Анатолий Белых, Павел Кабанов, телеамонæг Эрнест Мяцкявичус, къорд «Ундервуд» æмæ «Браво»-йы музыкантытæ, саксофоныл хъазæг Игорь Бутман, баскетболæй хъазæг Андрей Кириленко. Æртхъирæны мæйы ГУМ-ы «Бæллицмæ каъхдзоныгътæ» сарæзтой хæрзгæнæг аукцион, уым уæй кодтой манекентæ, кæцытæ сныв кодтой зындгон нывгæнджытæ-дизайнерæ æмæ иннæ номдзыд адæм, се ’хсæн Кирæ Пластинина, Татьянæ Парфёнова, Андрей Бартенев, Виктория Андреянова, Анастасия Немоляева, Андрей Шаров, Александр Виноградов, Владимир Дубосарский, Иринæ Хакамада – манекентæ уæй кæнынæй цы хца спайда кодтой, уыдон бахардз кодтой бизнесы дарддæр парахат кæныныл.[2][4]
Компанийы дарддæры фæндты — ног методикæты адаптаци, сæрдыгон практикæтæ аразын, футбол, хæхтæм хизыны спорт, доны спорты хуызты парахатыл кусын. Наталья Белоголовцевамæ гæсгæ, программæ «Бæллицмæ къахдзоныгътæ»-йы дарддæры парахат кæнын хуызæг гæнæн и суыдзæн социалон франшизæ, фæлвæрд методикæтæ фидар кæндзысты иннæ регионты дæр æмæ цыл кусдзысты лицензимæ гæсгæ.[1]
Архайд
[ивын | Бындур ивын]Организаци сывæллæтты ахуыр кæны хæххон къахдзоныгъон спортæй. Æппæт сты церебралон параличæй, аутизмæй, Дауны синдромæй рынчын æмæ æндæр æнæниздзинады цыбыр фадæттимæ адæмæн. Йæ хуызæн методикæтæй раджы пайда кæнынц иннæ хурныгулæн бæстæты, йæ мидис уый мидæг и æмæ адæймаджы магъз æмæ буар, æнахуыр уавæрты æвæрд, хъуамæ æмрæстæджы райдайой кæнын бирæ ног хæслæвæрды æнахуыр тагъд, кæрæдзийы тынг рæвдз ивгæйæ. Фæхуыздæр вæййынц гуырыконд æмæ координаци, æрхæгты цырддзинад фæфылдæр вæййы, фæкъаддæр вæййынц спазмæтæ, уазалбацыдмæ адæймаг хъæдтыхæй дæр лæууы, хи тыхтыл уырнындзинад фæфылдæр вæййы æмæ сæхицæн аргъ кæнын райдайынц.[2][5]
Алкæцы амынддæттæг ахуыр фæци америкаг Националон спортивон центры кæцы кусы æнæниздзинады цыбыр фыдаттимæ адæмимæ, алкæмæн цæ ис сармагонд бацæттæ, ис цын аккаг сертификат. Реабилитацион мадзæлтты фæстиуджытæм цæст дарынц Сывæллæтты психоневролигийы зонадон æмæ практикон центр æмæ инвалидты медикон æмæ социалон реабилитацийы зонадон центры Мæскуыйы.[6].
2014-æм – 2015-æм азты сезоны программæ «Бæллицмæ къахдзоныгътæ» райдыдта хæххон къахдзоныгъон комплексты Мæскуыйы регионы, Сахалины, Челябинскы, Иркутскы облæстыты, Рязаны, Пермы, Ярославлы, Дæллаг Новгороды. Бындурæвæрджыты фæнды саразын гæнæнтæ адæмы реабилитацийæн алы уæрæсеон хæххон къахдзоныгъон курорты.[7][8] Дæс занятийы аргъ у 10 минæй 20 мин сомы онг. Уыцы хца цæуынц æрмæст хæххон къахдзоныгъон центртæн бафидынæн. Иннæ хæрдзтæ сæхимае исынц организацийæн чи нывонд кæны кæнæ спонсортæ. Компани æфтиаджы æрдæг исы «Амынддæттæгты националон лигæ»-имæ бадзырдмæ гæсгæ. Уыдон ахуыр кæнынц тренерты, æмæ æмкуыст кæнынц алыхуызон мдицинон æмæ реабилитацион центртимæ.[1]
Аргъгæндтæ
[ивын | Бындур ивын]Светланæ Воловец, медицинон зонæдты доктор, Инвалидты медикон-социалон реабилитацийы Зонадон æмæ практикон центры сæргълæууæг
Программæ «Бæллицмæ къахдзоныгътæ» у эффективон, фæлæ инвалидты реабилитацийæн уый фаг нæу. Тренировкæйы фæстæ мах иртæстам 30 адæймаджы. Сеппæтмæ дæр уыд рæстмæ ивддзинæдтæ, сæ тæлфыны разæнгарддзинад фæхуыздæр. Фæлæ мæнмæ гæсгæ иу курс фаг нæу. Тренировкæтæ хъуамæ уой иугæндзон, инвалидтæн уый хъуамæ уа сæ царды стиль.[1] |
Нина Семина, компани «Франкон»-ы генералон директор.
Мæнмæ гæсгæ, хи франшизæ аразынæй «Бæллицмæ къахдзоныгътæн» ницы рауайдзæн. Ахæм проекттæн нæ хъæуы стыр æхца, уый нæу æхсæнадон хæлцад æмæ кондад. Фарста уый мидæг и, цæуыл куыдзæн йе хца франчайзи. Иууырдыгæй, гæнæн и æмæ уый уыдзæн куыд амынддæттæгты ахуырæй хай, ый ис проекты. Иннæрдыгæй, франшизæлхæнджытæн хъуамае уа бар исын уæйы хай хæххон къахдзоныгон центртæй дæр. Проекты цын ахæм гæнæн нæй.[1] |
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Бæллицмæ къахдзоныгътæ — компанийы официалон сайт
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 Оксана Гончарова. 2 млн рублей привлек за прошлый год социальный проект «Лыжи мечты» . Ведомости (13 февралы 2015). Датæ: 2015-æм азы 13 майы.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Андрей Петров. «Лыжи мечты» дают надежду . Русская планета (9 февралы 2015). Датæ: 2015-æм азы 13 майы.
- ↑ Артём Шмелёв. Лыжи мечты. Как русские футболисты помогают детям . sports.ru (3 апрелы 2014). Датæ: 2015-æм азы 13 майы.
- ↑ Екатерина Лиепа. Хорошие новости: День рождения детской реабилитационной программы «Лыжи мечты» . Post@-Magazine (10 февралы 2015). Датæ: 2015-æм азы 13 майы.
- ↑ Андрей Петров. Встань на «Лыжи мечты»! . Невское время (7 февралы 2014). Датæ: 2015-æм азы 13 майы.
- ↑ Екатерина Загуляева. «Лыжи мечты»: необычная программа реабилитации инвалидов . Милосердие.ru (23 январы 2015). Датæ: 2015-æм азы 13 майы.
- ↑ Юлия Вяткина. Программа «Лыжи мечты» по реабилитации людей с инвалидностью стартует в регионах . Агентство социальной информации (18 августы 2014). Датæ: 2015-æм азы 13 майы.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- ↑ Елена Коркина. На лыжах в мечту . Восточно-Сибирская правда (3 мартъийы 2015). Датæ: 2015-æм азы 13 майы.