Аскари (æфсад)

Аскари у арабаг дзырд, нысан кæны «æфсæддон» (арабб. عسكري) . Терминæй арæхдæр пайда кæнынц Скæсæйнаг, Цæгат-Скæсæйнаг æмæ Централон Африкæйы бынæттон адӕмыхаттытӕй æфсæддонтӕ, европӕйаг колониалон паддзахадты чи лӕггад кодта XIX æмæ XX æнусты фыццаг æмбисы, уыдон нысан кӕныны тыххæй. Фæлæ ацы термин пайдагонд цæуы пъæлицæ, жандармери æмæ хъахъхъӕнынынады дæлхайæдтæн дæр . Дзырд фыццаг ӕрбайст æрцыд араббаг æвзагæй ахæм æвзæгтæм: амхараг, босниаг, италиаг, персайнаг, польшæйаг, сомалиаг, суахили, туркаг æмæ урду.
Африкæйы европæйаг колониалон хицауиуæгады рæстæджы бынæттон адӕмтӕй ист æфсæддонтæ лӕггад кодтой италиаг, британиаг, португалиаг, германиаг æмæ бельгиаг колониалон æфсæдты (кӕд ӕмӕ францаг æмæ испаниаг колониты сӕрӕй ахæм практикæ нæ уыд). Сӕ ахадынад равдыстой алыхуызон колониалон зӕххытӕ бацахсыны хъуыддаджы æмæ фæстæдæр лӕггад кодтой гарнизонты æмæ мидæггагон æдасдзинады тыхты. Дыууæ дунеон хæсты рæстæджы дæр аскари лӕггад кодтой сæ «райгуырӕн» колониты арӕнтӕй дарддӕр — алы рæтты Африкæйы, Æввахс Скæсæны æмæ Азийы .

Кæс ма
[ивын | Бындур ивын]- Колониалон æфсæдтæ
- Force Publique (Бельгиаг Конго)
- Тиральер (Францаг Африкæ)
- USS Askari (ARL-30)
- Минӕхӕссӕг "Аскари" (Дыккаг дунеон хæсты италиаг минӕхӕссӕг нау)
- Сау голландиæгтæ
- Сенегалаг æхсджытӕ
- Зуавтӕ