Андиаг адæм

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Андиæгтæ-æй æрвыст)
Андиæгтæ
Хином андал, къIваннал
Нымæц 22 000
Ахæлиу Дагъистан Дагъистан
Æвзаг андиаг
Дин пысылмон дин
Кæй сконды у андиаг адæмтæ
Хæстæг адæмтæ солы, ахвахæгтæ, каратæйæгтæ

Андиæгтæ (анд. андал, къIваннал, уырыс. андийцы) сты адæм хæххон Дагъистаны ныгуылæны, Ботлихы районы Цæцæнимæ арæны цур.

Анди цы ран ис[ивын | Бындур ивын]

Андиæгты историон артдзæст ис Андийы рагъы хуссарвæхстыл, цæугæдон Андийы Хъойсуйы галиу фæрссагдæттæ кæм кæлынц, уыцы рæтты. Географион, культурон æмæ æвзагон барæнтæм гæсгæ Андийы бæстæ дихгæнæн ис Уæллаг æмæ Дæллаг Андийыл.

Æвзаджы тыххæй[ивын | Бындур ивын]

Андиæгтæ дзурынц нахаг-дагъистайнаг къорды андиаг-цезаг дæлкъорды андиаг æвзагыл. Андиæгты æхсæн пайда чындæуы солиаг æвзаг — хъуыддагкæнынад æмæ ахуырады мидæг, уырыссаг æвзаг — куыд æхсæнадæмон ныхасгæныны фæрæз (солиаг æвзаджы «зонæйы» æдде), ахуырад æмæ хъуыддагкæнынады дæр. Андиаг æвзагæн фыссынад нæма сфæлдыстæуыд, фæлæ ис се ’взагыл тексттæ: Ног фæдзæхст æмæ æндæртæ.

Дины тыххæй[ивын | Бындур ивын]

Уырнæг андиæгтæ сты пысылмæттæ-сунниттæ (уыдон сты Кадырийаг тарикаты иунæг минæвæрттæ дагъистайнаг хæххон адæмыхæттыты хсæн), фæлæ XIV æнусы онг сæ фылдæр уыдысты чырыстæттæ (райстой йæ гуырдзыйæ Тамар успаддзахы рæстæджы).

Андийы нымæц[ивын | Бындур ивын]

2002-æм азы Æппæтуæрæсеон сфыстмæ гæсгæ андиаг адæмы нымæц у 21,8 мин адæймаджы, уыдонæй 21,3 мин цæрынц Дагъистаны. Фæлæ æндæр хыгъдтытæм гæсгæ сæ нымæц хæццæ кæны 65-75 минмæ, уымæн æмæ сæ фылдæртæ сæхи нымайынц солиæгтыл, кæд андиагау дзурынц, уæддæр.

Андийы хæдзарады тыххæй[ивын | Бындур ивын]

Андийы традицион дæсныйад у фосдарын æмæ нымæт уæрдыны куыст. Дæллаг андийаг хъæуты рæзын кæнынц алыхуызон дыргътæ.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]