Перейти к содержанию

Алæгатæ (мыггаг)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Алæгатæ
Æрвадæлтæ Зыхъуатæ[1]

Алæгатæ[1] (уырыс. Алаговы) сты ирон мыггаг.

Алæгатæн, дам, сæ хистæр Уæлладжыры комы Донысæры цард. Уырдыгæй ралыгъди Хъæнимæ. Йæ ном хуынди Майрæмсау. Уымæ гæсгæ Хъæни нырмæ дæр бирæтæ хонынц Майрæмыхъæу. Донысæрмæ кæцæй æрцыдысты Алæгатæ, уый ничи зоны. Алæгатæн æрвад сты Зыхъуатæ. Зыхъуа лæг амардта. Уæд туджджынтæ нæ фидыдтой, уæхиуыл ма нæ кæд нымайут, уæд нæ фидауæм, зæгъгæ. Уæд ын йæхи номыл йæ мыггаг аивтой æмæ Зыхъуатæ систы.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.