Æфсæнтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Авсановы-æй æрвыст)

Æфсæнтæ, вариант: Æвсæнтæ (уырыс. Авсановы) сты ирон мыггæгтæй иу.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Бичегкутæ æмæ Æвсæнтæ хæстæг æрвадæлтыл нымад сты, цардысты Къуссуйы. Равзæрдысты Балхъарæй (Асийæ) æрбацæуæг Мансурухъты мыггагæй. Иу рæстæджы Хъантемыраты хъæздыг мыггаг Мансурухътæм фæмæсты сты æмæ бауынаффæ кодтой, цæмæй сын сæ мыггаджы нæлгоймæгты ныццæгъдой. Цæмæй сæ фæндон сæххæст кодтаиккой, уый тыххæй иубон куывд скодтой. Хъантемыратæ сæ куывдмæ æрбахуыдтой Мансурухъты мыггаджы нæлгоймæгты стырæй-гыццылæй. Хъантемыраты адæм сæхи цæттæйæ дардтой, сæ цухъхъаты бын сæ хъаматæ æмæ сæ кæрдтæ ныббастой. Сæ уынаффæ уыд афтæ — куыддæр фынджы хистæр йæ къухмæ сыкъа райса æмæ кувын райдайа, афтæ хъуамæ февнæлдтаиккой Мансурухъты цæгъдынмæ. Мансурухътæ ацы хъуыддагæн ницы зыдтой æмæ æнæ хæцæнгарзæй æрбацыдысты Хъантемыраты куывдмæ.

Хъантемыратæ сæ фæнд сæххæст кодтой, ныццагътой Мансурухъты нæлгоймæгты. Уыдон æнхъæл уыдысты Мансурухътæй нæлгоймаг нал баззад. Фæлæ, дам, уыцы бон дыууæ æрыгон лæппуйы Мансурухътæй хъæуы нæ уыдысты æмæ уымæ гæсгæ æгасæй баззадысты. Хъæумæ куы æрцыдысты ацы дыууæ лæппуйы, уæд сæ Будайтæй иу хæдзар бафæсвæд кодта. Лæппутæн сæ нæмттæ хуындысты: иуæн — Бичегку, иннæмæн — Æвсæн. Хъантемыратæ хабар базыдтой, фæлæ лæппуты марын нал бауæндыдысты.

Бичегку æмæ Æвсæны Будайтæ схъомыл кодтой, ыслæгтæ сты æмæ сæ нæмттæм гæсгæ сæ мыггæгтæ скодтой: Бичегкутæ æмæ Æвсæнтæ. Афтæмæй Къуссуйы хъæуы фæзынди дыууæ мыггаджы: Бичегкутæ æмæ Æвсæнтæ.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 40–41.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 35.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 44–45.