Илас Æрнигон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Æрнигон-æй æрвыст)
Илас Æрнигон
Гуырæн ном Тогуызты Газакк
Райгуырды датæ 10 (22) декабры 1888
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1938-æм азы 5 январы(1938-01-05) (49 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон

Илас Æрнигон, æцæг ном — Тогуызты Газакк (райгуырдис 1888-æм азы 10 декабры, Æрыдоны — амардис 1938-æм азы 5 январы) уыдис ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Тогуызты Газакк (йæ аргъуыды ном — Васили) райгуырдис 1888-æм азы 10 декабры Æрыдоны. Йæ фыд Илас уыди рæстæмбисцæрæг зæхкусæг. Амардис, Газаккыл фондз азы дæр нæма сæххæст ис, афтæ. Лæппуйы схаста йæ мад Джыккиан. Фæстæдæр Газакк йæ уацмыстæ джиппы уадзын куы райдыдта, уæд йæхицæн псевдонимæн равзæрста йæ фыды ном.

Фидæны поэт фыццаг ахуыр кодта сæ хъæуы райдиан скъолайы, стæй та дины семинары. Ам семинаристтæ прогрессивондæр ахуыргæнджыты æххуысæй адæмы зæрдæтæм хастой сæрибары хъуыдытæ. Арæх арæзтой хъазтизæртæ, драмон къорд хъæуы цæрджытæн æвдыста спектакльтæ. Семинары Æрнигонимæ иу рæстæг ахуыр кодтой Малиты Геуæрги, Барахъты Гино æмæ Гулуты Æндыри.

Æрнигон семинар каст фæци 1909 азы æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй куыста Куырттаты комы Лæцы скъолайы (1909–1910 ахуыры аз).

1911-æм азы январы 22-аздзыд поэт афтыдис дард Манчжуримæ. Йæ балцы нысаны тыххæй фыссы юридикон зонæдты кандидат Тебиаты Юри[1]:

«

цæмæй йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодтаид, уый тыххæй йæ хъуыд æхца бакусын. Фæндыд æй йæ Ирыстонæн исты хæрзты бацæуын. Талынг, æнахуыргонд адæймагæн та йæ бон ницы уыйбæрц у

»

Тебийы-фыртимæ разы у поэт æмæ литературæиртасæг Хъодзаты Æхсар:

«

Ацы ныхæстæ гуырысхойаг кæй не сты, уый бæрæг у поэтæн йæхи æмдзæвгæйы рæнхъытæй дæр: „Цæгатмæ зондагур цыдтæн“, „сонтæй рагуалдзæг Цæгатмæ фæраст дæн гарзагур æз дард“ æмæ аф. д.

»

Къорд мæйы дæргъы Харбины сахары æгуыстæй фæрахау-бахау кодта, стæй йæ райстой Хандаохедзцзыйы станцæйы къантормæ. Фæстæдæр раивта Хинганы станцæйы скъоламæ. Куыста дзы ахуыргæнæгæй. 1913-æм азы ацыдис Владивостокмæ: бæллыдиc Cкæсæйнаг институтмæ бахауынмæ. Уыцы аз ын нæ бантыстис æмæ та ахуыргæнæджы куыстыл ныххæцыдис, ацы хатт Денджызгæрон облæсты Бринеровкæйы хъæуы. Афæдзы фæстæ ногæй афæлвæрдта Скæсæйнаг институтмæ бацæуыныл. Раздæр уал ын лекцитæм хъусыны бар радтой, стæй 1915-æм азы уалдзæджы фæлварæнты йæхи сæрæнæй равдыста, æмæ йæ дыккаг курсмæ баивтой. Кодта ахуыр дæр æмæ кусгæ дæр (Бархи флоты управленийы къанторы). Институт каст фæци 1918-æм азы сæрды. Йæ аттестаты йын кæсæм:

«

«...при отличном поведении в течение пребывания своего в Восточном институте на переводных и окончательных испытаниях оказал следующие успехи: по богословию, китайскому языку, политической организации Китая, английскому языку, маньчжурскому языку, политической организации Маньчжурии, географии и этнографии Китая, Японии и Кореи, новейшей истории Китая, Японии и Кореи, коммерческой географии Восточной Азии и истории торговли Дальнего Востока, политической экономии, международному праву, государственному праву, гражданскому и торговому праву и французскому языку — весьма удовлетворительные. <…> Василий Тогузов, определением Совета Восточного института от 10 июля (27 июня) 1918 года, удостоен аттестата об окончании с отличным успехом курса Восточного института...

»

Институт каст куы фæцис, уæд ма Æрнигон иуцасдæр акуыста Бархи флоты управленийы къанторы. 1919-æм азы йæм фæсидтысты Колчакы æфсадмæ. Йæ цæст сахъат кæй у æмæ йæ æфсадæй цæрæнбонтæм кæй суæгъд кодтой, уый тыххæй йæм æвдисæндар дæр уыд (радтой йын æй 1910 азы Дзæуджыхъæуы), фæлæ йын æй мурмæ дæр не ’рдардтой. Уæд Газакк алыгъдис фæстæмæ Харбинмæ, уырдыгæй та 1920-æм азы афтыди Цицикары сахармæ. Ам æрхæджы æндыснæгæй афæдзы бæрц фæсадис, кусыны бон æй нал уыдис. Куы сдзæбæх ис, уæд та Харбинмæ ’рбаздæхтис. Цæмæй цардаид, уый нæ уыд æмæ æртæ туманы мыздыл дыууæ китайагæн уырыссаг æвзаг амонын байдыдта. Стæй Цаганы станцæнæ ацыдис æмæ дзы афæдзы бæрц ахуыргæнæгæй бакуста: Китайы Скæсæйнаг æфсæнвæндаджы скъолатæн сæ иу хай сæхгæдтой, уыдонимæ — Æрнигон цы скъолайы куыста, уый дæр. Поэт та фæхауæггаг, къæбæры фаг æхца дæр æм нæ уыд. Афæдз æмæ æрдæджы бæрц фæцардис æфстæуттæй.

Китайы Скæсæйнаг æфсæнвæндаджы сæргъы советон администраци куы ’рлæууыдис, уæд уый уынаффæмæ гæсгæ Илас Æрнигон Харбины байгом кодта скъола Мæскуыйаг къазарматы кусджыты цотæн. Уыцы хабар Китайы хицауады зæрдæмæ нæ фæцыдис æмæ Æрнигоны хъыгдарын байдыдтой, цалдæр хатты йæм фæсидтысты пъæлицæ, дзырдтой йын, цæмæй йæ куыст ныууадза. Фæстагмæ пъæлицæйæн бантыстис скъола сæхгæнын. 1925–1928 азты поэт куыста Хинганы скъолайы сæргълæууæгæй, стæй йæ рарвыстой Бухедуйы станцæйы скъоламæ.

Ам Æрнигон ракуырдта æфсæнвæндаг хъахъхъæнæджы чызг Мария Душинайы.

Китайаг милитаристты аххосæй æфсæнвæндагыл конфликт куы рауадис (1929 азы), уæд Газакк ногæй ацыдис Харбинмæ. Цыппар азы фæкуыста Хандаохедзцзыйы станцæйы скъолайы. Цы уавæрты куыста, уый тыххæй бæлвырдæй дзуры Тебиаты Юри (йæ уацы кой ма раздæр кодтам). Китайаг æвзæргæнджыты балтæ — хунхузтæ — адæмы стыгътой, семæ-иу уацайрæгтæ акодтой, стæй сæ-иу æнæ ’хца бафидгæ сæхимæ нал уагътой. Пъæлицæ дæр раздæрау йæ кæнон кодта, скъолаты спектакльтæ ’вдисын, фæлладуадзæн изæртæ аразын нæ уагъта.

Тебийы-фырты уацы фыстæуы:

«

1932 азы декабры хунхузтæ æрбабырстой Хандаохедзцзыцы станцæмæ, — фыссы Тебийы-фырт. — Сæ сæргъы уыди китайаг абырæг У-шен. Уацары акодтой 100 адæймаджы, уыдонимæ — Илас Æрнигон дæр. Вагæттæм сæ батардтой æмæ сæ станцæйæ иу æстдæс километры æддæдæр хæхты аппæрстой. Уым сæ цалдæр къордыл адих кодтой æмæ сæ зæхкусджыты бæстыхæйтты æртæ боны фæдардтой. Чи кæм кусы, мызд цас исы, уыдæттæй сæ фæфарстой, стæй аргъыл дзурын райдыдтой. Бирæ ’хца бафидыныл чи нæ разы кодта, уыдоны-иу саунад фæкодтой. Æрнигонимæ иу къорды уыди йе ’мкусæг Ванняр. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ хунхузтæ æмæ уацайрæгтæ æрцыдысты иу фæндмæ: Æрнигон хъуамæ бафыстаид 759 китайаг гобийы (доллæры), Ванняр та — 500. Фæстагмæ сæ фæхицæнтæ кодтой, стæй Æрнигон æмæ иннæ уацайрæгты сæ разæй атардтой тыгъд быдырты. Æнæхъæн æхсæв æмæ бон фæцыдысты æдзæрæг хæхты тæссар къахвæндæгтыл. Изæрæй сæ иу хæдзармæ ’рбакодтой æмæ сæ уым фæдардтой 18 боны. Уый фæстæ Илас Æрнигоны, йæ зонгæ дыууæ ахуыргæнæджы — Алексей Пятаевы, Михаил Елистратовы (уыдон та æндæр къорды уыдысты) æмæ æртæ скъоладзауы рауагътой. Куыд рабæрæг, афтæмæй Ванняр иннæтæй раздæр раирвæзти хунхузты уацарæй æмæ æхца бафыста Æрнигоны тыххæй дæр.

»

Поэты æвдисæндартæй иуы куыд фыст ис, афтæмæй Æрнигон 1933-æм азы 25 июлæй 1934-æм азы 8 августмæ куыста Китайы Скæсæйнаг æфсæнвæндаджы Адæмон рухсады цыппæрæм хайады инспекторæй.

Æрнигон Манчжурийы куыд цардис, цæуыл хæст уыдис, уый тыххæй ма ис цалдæр факты. Уыдон дæр сты Тебийы-фырты уацы. Революцийы æмæ мидхæсты азты сæ райгуырæн бæстæм здæхын байдыдтой америкдзаутæ — хуыздæр цард æнхъæлæй кæддæр фæсденджызмæ чи афтыд, уыцы ирæттæ. Арæнтыл сын æвиппайды æрбахизæн нæ уыд æмæ-иу цалдæргай азтæ Харбины баззадысты. Афтæ фæзындис Ирон æхсæнад. Йæ нысан — бахъуаджы сахат æмбæстæгтæн баххуыс кæнын. Æхсæнад куыста бæлвырд уагæвæрдмæ гæсгæ, арæзта хъазтизæртæ, æвдыста спектакльтæ. Уыдис ын йæхи агъуыст, кæрæдзийæн æххуысы кассæ, штамп æмæ мыхуыр. Ирон адæм сæхи цæмæй æмбарой, сæ фыдæлты æвзаг æмæ хорз хъуыддæгтæ ма рох кæной, уымæн ацы æхсæнад уыдис ахъаз. Советон дуг куы ралæууыдис, уæд ирæтты фылдæр хай рацыдис йæ райгуырæн бæстæм, иннæтæ та æхсæнады æмбырды бауынаффæ кодтой, цæмæй куырдиат бадæттой советон паспорттæ райсыны тыххæй. Уыцы рæстæг æхсæнадæн секретарь Æрнигон уыд æмæ хъуыддæгтæ дæр уый къухæй арæзт цыдысты. Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы æфснайд ис къухæй фыст арфæйы гæххæтт:

«

Газакк! Ирон адæмы Къорды йæ хъару ’мæ йæ зондыл æнæ бацауæрдгæйæ зæрдиагдæрæй фыдæбон чи бакодта, уый — Тогуызы фырт Газакк. Канд не ’хсæн уæвгæйæ нæ, фæлæ ма ныр дæр фæсвæдæй дæ бон, дæ фадатмæ гæсгæ ирон артыл фу кæныс, цæмæй йæ зынг ма ахуысса, уый тыххæй. Æхсæны хъуыддаджы æнувыдæй кусæг ферох уа æмæ йын аргъ мачи скæна — уый дæ зæрдæ макуы зæгъæд: циндзинады ’мæ тыхст рæстæджы ирон адæмы ’хсæн Газаччы ном кæй вæййы, уымæн æвдисæн агурын нæ хъæуы. Уый фæдыл, цæмæй æхсæны куыстæй макуы сфæлмæцай, ирон ном, ирон æгъдауыл ныронджы хуызæн дæ сæр нывондæн куыд хæссай, уыцы арфæ дын абон афæдзы ’мбырды адæм дардмæ кæнынц æмæ дыл нæ Къорды «Буц биноинаджы» ном æмдзыхæй æвæрынц. Дæ хъару ’мæ дæ ныфс дæхи фæндиаг

»

Арфæйы гæххæтты сæ къухтæ бавæрдтой 28 адæймаджы. Æрвыст та æрцыдиc 1924-æм азы 16 ноябры.

Æрнигон æхсæны хъуыддæгтыл æнувыд кæй уыд, ууыл дзурæг сты ноджы ахæм хабæрттæ: Харбины æмæ Бухедуйы скъолаты кусгæйæ (1924–1929 азты) поэт уыцы иу рæстæг уыди рухсады кусджыты профцæдисы бынæттон комитеты уæнг дæр. Йæ хъус дардта транспорты кусджытæм дæр: арæзта фæлладуадзæн изæртæ, къулы газеттæ уадзын дæр уымæ касти. 1931 азы сæрды Иласы райстой Коммунистон партимæ кандидатæй.

Йæ райгуырæн бæстæн исты хорзы бацæуыны бæллиц æй сцырын кодта «Ирон грамматикæ» ныффыссынмæ дæр. Джиппы йæ рауагъта 1934 азы Харбины, йæхи хардзæй. Чиныджы тираж æдæппæт уыди 10 экземпляры. Поэты фæндыдис, Ирыстоны ирон æвзаджы хъуыддæгтæ чи кодта, уыдонæн баххуыс кæнын.

Илас йæ Ирыстонмæ сыздæхтис 1934-æм азы сентябры. Дзесты Куыдзæг куыд зæгъы, афтæмæй æппæты фыццаг азылди сахарыл. Тынг фæдис кодта чингуыты дукани «Рæстдзинад»-ыл:

«

Паддзахы заманы, дам, цалдæр азы дæргъы-иу иунæг ирон чиныг куы фæзынд ирон æвзагыл, уæд, дам, æрмæст уый дæр уыд цины хос, ныр та ирон чингуытæ уыйбæрц сты, æмæ сын сæрмагонд магазин кæнын бахъуыди

»

(«Мах дуг», 1975, № 12, 81–82 фæрстæ).

Ирыстоны Æрнигон кусын райдыдта чиныгуадзæны — тæлмацгæнæг æмæ литературон редакторæй. Уыцы азты ирон æвзагмæ раивта Даниель Дефойы «Робинзон Крузо» (Орджоникидзе, 1936), А.П. Чеховы радзырдтæ «Хирургия», «Хъастхæссæн чиныг», «Ставд æмæ нарæг», «Чиновничы мæлæт» («Мах дуг», 1935, № 1–2) æмæ æндæр уацмыстæ, стæй æхсæнадон-политикон æмæ ахуырадон-популярон чингуытæ.

1936-æм азы Илас Æрнигоны фыдгæнджыты дзыхæй æнаххосæй æрцахстой. Æвирхъау хуызы йæ амардтой 1938-æм азы 5 январы.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Поэты уацмыстæ фыццаг хатт джиппыуагъд æрцыдысты 1915 азы журнал «Чырыстон цард»-ы фæндзæм чиныджы (æмдзæвгæтæ «Зарæг» æмæ «Уастырджи»). Сæ бынмæ фыст уыди: Илас Мызурон. 20-æм азтæй фæстæмæ Тогуызы-фырты фыстытæ цыдысты, Илас Æрнигон, зæгъгæ, ахæм псевдонимимæ.

Сæ тематикæ, эмоцион тых æмæ аивдзинадæй Æрнигоны æмдзæвгæтæ æрвадиуæг кæнынц Къостайы поэзиимæ. Къостайы ном Иласæн тырысайау кæй уыд, уый чиныгкæсæг æнцонæй рахатдзæни. «Фæлмæн у дæ лыстæн», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы автор Къостайы хоны зæд æмæ йæ кæстæртæн фæдзæхсы, цæмæй Ирæн уа аккаг хъæбул, цæмæй Къостайы ныхæстæ фæндагсарæн хæсса йæ риуы. Æрнигон Къостамæ цы зæрдæ дардта, уый бæрæг у йæ уац «Адæмы лæг»-æй дæр (1935 аз):

«

Къостайы зарджытæ сызмæлын кодтой адæмы туг, ссыгътой сын сæ зæрдæты фыдæхдзинады арт алыхуызон хæддзу æлдæртты ныхмæ. Къостайы зæрдæхалæн хъарæг „Додой“ æртхъирæны додой сси ирон адæмы дзыхы. Къоста йæ зарджытæй феххуыс кодта Ирыстоны фæллойгæнæг адæмæн сæ цæстытæй сæ ракæсын кæнынæн, сæ кълассон иудзинад бамбарыны фæндагыл бафтынæн

»

Алы рæстæджы Æрнигоны лирикæйы ардтой «мистикон, цардæй иппæрд хъуыдытæ», уыдтой дзы пессимизмы миниуджытæ, зæрдæсасты мотивтæ. Æцæг чиныгкæсæг хъуамæ ахиза вульгарон социологизмы схемæты сæрты æмæ банкъара зæрдæрыст, хъуырдухæн, бæллын. Зæрдæрыст — адæм цагъары æфсондзы бын хъизæмарæй кæй мардысты, ууыл. Хъуырдухæн — æфхæрджыты ныхмæ тохы поэт адæмæн баххуысхъом кæй нæ уыд, уый фыдæй. Бæллын — адæймаг йæхи куы æрæмбарид, зæххыл æнусон гармони æлдариуæг кæнын куы райдаид, уымæ.

Уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

  • Челе. Радзырд. «Чырыстон цард», 1915, № 6, 7.
  • Осетинская грамматика. Часть первая. Морфология. Харбин, 1934.
  • Ног чындз (Молодая невестка). Поэмæ (скъуыддзаг). «Мах дуг», 1935, № 3—4.
  • Адæмы лæг (Друг народа) статья Къостайы тыххæй «Мах дуг», 1935, № 3, 4.
  • Æрæмыс-иу мæн. Æмдзæвгæтæ, пьесæ, радзырд. Орджоникидзе, 1960, 1979 и 1986.
  • Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу, 2008.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Годжиты В. Æрнигоны сфæлдыстады сæйраг мотивтæ. «Ног талатæ», 2-аг чиныг; 1934.
  • Ардасенов X. Илас Арнигон. В кн.: Ардасенов X. Очерк развития осетинской литературы. Орджоникидзе, 1959.
  • Гаджиты Г. Илас Æрнигон. В кн.: Илас Æрнигон. æрæмыс-иу мæн, 1960, разныхас.
  • Арнигон Илас. В кн.: Писатели Северной Осетии. Орджоникидзе, 1973.
  • Дзесты К. Илас Æрнигон, мысинæгтæ. «Мах дуг», 1975, № 12.
  • Тебиаты Ю. Ног æрмæг Илас Æрнигоны тыххæй. «Мах дуг», 1978, № 10.
  • Джиоев X. Илас Арнигон. Альманах «Литературная Осетия», 1978, № 52.
  • Хъодзаты Æ. Æрнигон æмæ йæ лирикæ. В кн.: Илас Æрнигон. Æрæмыс-иу мæн. Орджоникидзе, 1979 (Фæсныхас).
  • Джыккайты Ш. Æрæмыс-иу мæн. «Рæстдзинад», 1979, 5 июнь.
  • Джусойты Н. Поэты зараг зæрдæ. «Мах дуг», 1980, № 12.
  • Джикаев Ш. Илас Арнигон. В кн.: Джикаев Ш. Осетинская литература. Краткий очерк. Орджоникидзе, 1980.
  • Джиоты X. Æрнигон Иласы радзырд «Челе»: йе ’взаг, йæ аивадон мадзæлттæ. «Мах дуг», 1983, № 4.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. «Ног æрмæг Илас Æрнигоны тыххæй», журнал «Мах дуг», 1978, № 10