Гатуты Дзахо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гатуты Дзахо
Райгуырды датæ 1892[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1938-æм азы 11 июны(1938-06-11) кæнæ 1937[1]
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, публицист, революционер
Уацмысты æвзаг ирон æмæ уырыссаг[1]

Гатуты Алексейы фырт Дзахо (аргъуыды ном Константин; райгуырдис 1892-æм азы, Дзæуджыхъæуы — амардис 1937-æм азы июны) уыдис, уырыссагау чи фыста, ахæм ирон фыссæг, публицист, фольклорист.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Дзахо райгуырдис 1892-æм азы сауджын Гатуты Алексейы бинонты ’хсæн. 1912-æм азы лæппу каст фæцис гимназ æмæ уыцы азы фæззæджы бацыдис Мæскуыйы университетмæ. Ахуыры æдде ма уым архайдта студентты марксистон къорды. Сæрдыгон Дзæуджыхъæумæ-иу ссæугæйæ Гатуйы-фырт Сергей Кировы хæслæвæрдмæ гæсгæ æфсæнвæндаджы æрмадзты æмæ цинчы заводы кусджыты ’хсæн хæлиу кодта большевикон литературæ.

1917-æм азы Февралы революци баййафта Дзахойы Мæскуыйы. Ацы цауты фыдæй Гатуйы-фыртæн нæ бантыстис фæуын университеты фæстаг курс. 1917-æм азы октябры уый архайдта Мæскуыйы æдгæрзтæ растады. Уыцы азы кæроны Гатуйы-фырт сыздæхтис йæ фыды уæзæгмæ. Ам уый архайдта Дзæуджыхъæуы Советы куысты. Куыд журналист, газет «Горская жизнь»-ы уацхæссæг, уый уыдис Терчы облæсты адæмты уанелдзау Гуымы Хъæрмæдоны. Дзæуджыхъæумæ урсытæ куы бацыдысты, уæд Гатуйы-фырт бахъуыдис хи æмбæхсын, æмæ уый йæ сæр бафснайдта Чырыстонхъæуы.

Фыццаг советон азты Гатуты Дзахо Цæгат Кавказы æмгуыст кодта Сергей Кировимæ, æмæ уыцы архайд тынг бандæвта йæ зондахастыл.

1920-æм азы Гатуйы-фырт куста Уæрæсейы телеграфон агентады (уырыс. Российское телеграфное агентство; РОСТ) Терк-Кавказы хайады сæргълæууæджы хæдивæгæй. Уымæй уæлдай ма уыдис Терчы облæсты литературон комитеты уæнг, Терчы облæсты политрухсады сæрдары хæдивæг. 1920-æм азты райдианы Дзахо стыр æргом здахы театрмæ, æппæт культурон хъæппæристæм. 1923-æм аз Гатуйы-фырт æрцардис Цæгат-Кавказы крайы уæды административон центр Ростовы сахары. 1925-æм азы Дзахо ссис Скæсæны адæмты институты Кавказы секцийы аспирант, æмæ афтæмæй ахуыр кодта Кавказ æмæ пысылмон дины истори, архайдта экспедициты Цæцæнмæ, Мæхъхъæлмæ æмæ Ирыстонмæ æмæ дзы æмбырд кодта фактон æрмæг.

1928-æм азы Гатуйы-фырт раивта йæ цæрæнбынат Мæскуымæ. Уым куыста Скæсæны фæллойгæнджыты коммунистон университеты (уырыс. Коммунистический университет трудящихся Востока) æмæ иртæста хохæгты национ-ссæрибаргæнæн змæлды истори. Йæ фыццаг иртасæн куыстытæ уыдысты «Империи Узуна-Хаджи» (1928) æмæ «Августовское восстание» (1929). Сæ темæ уыдис мидхæст Цæгат Кавказы 1918–19-æм азты. Мыхуыргонд æрцыдысты журнал «Революционный Восток».

Гатуйы-фырт бирæ цыдис балцыты Ирыстоны, Цæцæны, Мæхъхъæлы хæхты, стæй-иу зылдис колхозтæ, арæзтæдтæ, заводтыл æмæ алыран дæр агуырдта ногдзинады нысæнттæ. Уыцы балцыты фæстиуæгæн фæзындис къорд очеркы æмæ радзырды. Уыдон рухс федтой журнал «Народный учитель»-ы 1960–1964-æм азты; стæй, А. М. Горькийы редакцийæ чи цыдис, уыцы журнал «Наши достижения»-йы 1935–36 азты). Дзахо цалдæр хатты уыдис фембæлдтытæ стыр пролетарон фыссæгимæ æмæ зындгонд куыд у, афтæмæй Горький разыйы ахаст дардта йæ сфæлдыстадмæ.

Гатуйы-фырты æрцахстой, йæ очерк «Дзау»-ы Хуссар Ирыстоны облæсты разамонджыты тыххæй критикон æрмæг куы ныммыхуыр кодта, уæд. Йæ цард трагикон хуызы аскъуыдис 1937-æм азы.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Фыццаг æмдзæвгæтæ Дзахо фыссын райдыдта Дзæуджыхъæуы гимназы ахуыры рæстæг. 1910-æм азы лæппу æрбахаста газет «Терек»-ы редакцимæ, Лев Толстойы амардыл кæй ныффыста, ахæм æмдзæвгæ. Уацмыс мыхуыргонд не ’рцыдис, фæлæ йæ автормæ сцымыдис ис С. М. Киров. Уыдон базонгæ сты æмæ æппынфæстаг бахæлар сты, æмæ се ’хсæн ахæм ахастытæ уыдис бирæ азты дæргъы. Киров тынг бандæвта Дзахойы зондахастыл. Фæстагмæ фыссæг Кировы тыххæй ныффыста очерк «Мироныч».

Гатуйы-фырты фыццаг зынгæ уацмыстæй иу уыдис уацау «Мæхъхъæл» («Ингуши»). Фыст уыдис 1920-æм азты фыццаг æмбисы. Ацы хроникон-аивадон уацауы автор æвдисы йæ тæлмæнтæ хохаг адæмты уавæры, стæй 1917–1918 азты уавæры тыххæй.

Гатуты Дзахойы тæккæ дæсныдæр аивадон уацмыс у уацау «Зелимхан». Ацы документалон-аивадон сфæлдысты дзырдæуы хъуыстгонд æмæ æхсарджын цæцæйнаг абырæг Зелимхан Гушмазуковы тыххæй. Уацауы æвдыст цæуы революци размæйы 1901–1914 азты азтæ Цæгат Кавказы, абырджыты тох колониалон администрацийы ныхмæ.

Гатуты Дзахойы чиныг «Зелимхан»

Зелимхан у вазыгджын адæймаг. Уый канд мастисæг нæ, фæлæ ма уыдис стигъæг дæр: хицæуттæй хæхбæсты æмбæхсгæйæ уый хъуамæ истæмæй цардаид. Репресситæ æмæ сабырцæрæг хъæуты стыгъдтыты тыххæй хицæуттæй маст куы исы, уæд у адæмон хъайтар, фæлæ Хъызлары банк куы стигъы æхца самал кæнынæн, уæд у абырæг æмæ ницæмæй хицæн кæны æндæр фыдгæнджытæй.

Уацау «Хъызлар» экранизацигонд æрцыдис 1930 азты райдианы æмæ тынг æнтыстджынæй æвдыст æрцыдис канд нæ бæстæйы экрантыл нæ, фæлæ фæсарæнты дæр.

Фыссæджы иннæ уацауы («Гага-аул», 1930) æвдыст æрцыдысты мыггагон æмæ кълассон ныхмæлæудтытæ Кавказы адæмтæм, революцион идейæты фæзынды процесс, хохаг æгъдæуттæ æмæ шариат фидар ма кæм уыдысты, уыцы æхсæнæдты.

Зынгæ, ахадгæ бынат ахсы Дзахойы сфæлдыстады очеркы жанр. «Гатуты Дзахо 20–30 азты цы очерктæ ныффыста, — зæгъы Суменаты Замирæ, — уыдонæн рахонæн ис аивадон-публицистон документ, уыдоны бындурыл нæ экономисттæ æмæ историктæ абон иртасынц нæ куыстады æмæ ног дуджы ног адæймаджы зондахасты райрæзты истори»[2]. Афтæ лæмбынæг æмæ арф-иу сахуыр кодта Дзахо, цы æрмæгмæ-иу æрæвнæлдта, уый — гидроэлектрон станцæйы кой кодтаид («Гизельстрой»), нартхоры комбинаты арæзтадыл фыстаид («Бесланстрой»), кæнæ та дзырдтаид зды æмæ цинчы æрзæт амал кæныны фарстатыл («Кавцинк», «Садонские рудники») æ.а.д. «Куртатинское предание», зæгъгæ, уыцы очеркы автор радзырдта, Ирыстон æмæ Уæрæсейы баиуы заман цы цаутæ уыдис, уыдонæй иуы тыххæй.

Цымыдисаг у, уыцы азты Дзахойы æхсæнадон-политикон цæстæнгас куыд ивта, уый дæр. Зæгъæм, кæд йæ уац «Ирон сылгоймæгты приют»-ы прогрессивон хъуыдытыл хæст у, уæддæр йæхæдæг 1917-æм азы большевикты фарс нæ фæци. Уый нæ, фæлæ ма фæд-фæдыл рауагъта цалдæр уацы: «Большевикты фæлтæрæнтæ», «Хæххон адæм æмæ Депутатты совет», «Кировы раныхасы тыххæй» æмæ æндæртæ. Уыцы уацты Дзахо большевикты хоны «æнæсæрфат сæрзилæджджынтæ» («разнузданные неврастеники»), фыссы, зæгъгæ, большевикты уæлахиз «иу бонæй фылдæр нæ ахæсдзæн», стæй уыцы уæлахиз адæмæн «ницы дæтты — нæдæр къæбæр, нæдæр уæлæдарæс, нæдæр иставæр фадæттæ цардæн æмæ фæллойæн». Уымæй дарддæр, Гатуйы-фырт, Кировы раныхасы фæдыл йæ хъуыдытæ дзургæйæ, фыссы, зæгъгæ, «Киров кæд тынг дæсны æмæ зæрдæбынæй ныхас кодта социализмы фæуæлахизыл, уæддæр йæ хъуыдытæ махмæ уырнинаг нæ фæкастысты». Бынтон æмбæрстгонд нæу, Дзахо Киров æмæ иннæ большевикты тыххæй афтæтæ цæмæн фыссы, уый, уымæн æмæ суанг 1910 азæй фæстæмæ Кировимæ цардис хæларæй — йæ фыццаг æмдзæвгæ йæм куы бахаста редакцимæ, уæдæй фæстæмæ. Уымæй дарддæр зындгонд у, Кировимæ фембæлдтытæ тынг кæй сахадыдтой Дзахойы æхсæнадон зондахасты райрæзтыл, уый дæр. Революцион куыст кæнгæйæ, Киров æвзонг Дзахойæн дæр арæх кодта йæ бæрны алыхуызон хæслæвæрдтæ — листовкæтæ хæлиу кæнынæй райдай æмæ æндæр бирæ ныстуантæ. Уымæ гæсгæ, уæлдæр цы уацты кой скодтам, уыдон 1917 азы фæззæджы газет «Хæххон цард»-ы кæй фæзындысты, уый у тынг зын бамбарæн.

1920–30 азты очеркты Гатуты Дзахо æвдисы социалистон арæзтады егъау æмæ парахат нывтæ, æппæлы уыцы арæзтады амидингæнджытæй. Сиды сæм, цæмæй сæ фæрнæйдзаг архайд тагъддæр æмæ æнтыстджынæй кæронмæ ахæццæ кæной. Уыдон «ура-патриотон» цъæлхъæр уацмыстæ не сты, фæлæ, Мамиаты Изетæйы загъдау, сты, уæды иттæг вазыгджын рæстæг «арф æмæ алывæрсыгæй» кæм зыны, ахæм очерктæ. Ам ныхас цæуы фыссæджы «сæйраг» очеркты æмбырдгæндтыл («Найфат» æмæ «Æрзæт æмæ æфсæн»). Уыдон джиппы уагъд æрцыдысты 1932-æм азы. Сæ размæ ма Дзахойæн ноджыдæр бирæ уацтæ æмæ очерктæ рацыди — периодикон мыхуыры ахæм оргæнты, куыд «Известия», «На подъёме», «Наши достижения» æ. а. д. Йæ очерктæн Дзахо æрмæг æмбырд кодта йæхæдæг. Кусджытимæ иумæ-иу ныххызти æрзæткъахæнтæм, хъæутыл зылди, ныхас кодта, уый фæстæ-иу йæ очеркты хъайтартæ чи сси, уыцы адæймæгтæн сæхиимæ. Æрдзæй йæм иртасæджы курдиат кæй уыди, уый фæрцы Дзахо иу кæнæ иннæ цауæн канд йæхи не ’вдыста, фæлæ-иу ын ссардта æмæ рафæлгъуыдта йæ уидæгтæ ивгъуыд заманы, историйы. Уæлдæр ракодтам Суменаты Замирæйы уацы кой. Уым фыстæуы: «Гатуты Дзахойы очерктæ иууылдæр нывæст сты историон æрмæджы бындурыл, сæ мидæг ирдæй зыны, алыхуызон историон дугтæ кæрæдзийы куыд ивтой æмæ уыцы иу рæстæг куыд æнгом баст уыдысты, уый, ома рæстæджы удæгас змæлд фæлтæрæй-фæлтæрмæ». «Цæуылфæнды ма фыссæд Дзахо, — зæгъы дарддæр Суменаты Замирæ, — æдзух йæ зонды æмæ йæ зæрдæйы тæлфы рагон цард, стæй æрæджы чи аивгъуыдта, уыцы дуджы истори дæр».

Зæгъæм, æмбырдгонд «Найфат» байгом очерк «Кавцинк»-æй. Уым дзырдæуы Садоны æрзæткъахæнтыл æмæ Дзæуджыхъæуы заводыл (ныры «Электроцинк»). Ацы очеркы иттæг бæлвырдæй уынæм, цæуыл фыст у, уыцы фарстайæн йæ истори, «куырттатаг таурæгътæй» æмæ XVIII æнусы историон документтæй райдай æмæ суанг Дзахойы дуджы онг. Уацмысыл кусгæйæ, Гатуйы-фырт бацагуырдта, ссардта æмæ спайда кодта бæлццон æмæ ахуыргонд Гильденштедты, архимандрит Пахомийы, Степан Вонявины æмæ æндæрты фæндаггон фыстытæй æмæ зонадон æрмæгæй. Очеркы ма ис бакæсæн V æнусы историон цыртдзæвæн — Нузалы аргъуаны къулыл фыстыты тыххæй дæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ нырыккон æмæ историон æрмæджытæ органикон æгъдауæй æххæст кæнынц кæрæдзийы, иумæ фидауынц.

Иннæ очерк — «Бесланстрой»-ы дæр нын автор фыццаджыдæр æвдисы Беслæны маисон комбинаты арæзтады историон уидæгтæ. Очеркæй базонæм бирæ цымыдисаг хабæрттæ. Зæгъæм, Беслæны маисон комбинаты арæзтады размæ дæр ма уыди бирæ æндæр проекттæ: «Ага-Бала Гулиевы проект», Берлинаг егъау проект, америкаг проект æмæ бирæ æндæртæ. Сæ кой хуымæтæджы нæ ракодта Дзахо. «Уым, Америкæйы, — фыссы автор, — тох цæуы, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр пайдатæ ’рбассивыныл, махмæ та — сæрибар фæллойыл, æрдзы гæнæнтæй рæстмæ спайда кæныныл».

Гатуйы-фырт иудадзыг историон æрмæгæй кæй пайда кодта, уымæн ирд æвдисæн у йæ очерк «Гизельстрой» дæр. Арæзт у дыууæ хайæ: «Найфат» æмæ «1930 аз», иу та сæ кæны егъау гидроэлектростанцæйы арæзтад. Очерк байгом фыдæлтыккон таурæгътæй Сафайы рæхысы, стæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ Найфаты кувæндоны цы дзуарылæгтæ уыди, уыдоны тыххæй. Дарддæр фыссæг аив ныв кæны, незамантæй чи баззад, йæхæдæг уазæг кæм уыди, уыцы фыдæлтыккон муртаттаг бæрæгбон.

Иттæг хæдбындур рахонæн ис Гатуйы-фырты уацмысты æвзагæн: ирд, нывджын, бæлвырд æмæ æлвæст. Уый банысан кодта йæ уацы Хæдарцаты Азæ дæр: «...бирæ авторты æхсæн дæр бæрæг дары Гатуты Дзахойы æвзаг, куыддæр дзы фыццаг цалдæр хъуыдыйады бакæсай, афтæ йын æнæ рахатгæ нæ фæуыдзынæ йæ авторы».

Гатуйы-фырт ма у фондзархайдон драмæ «Сад»-ы (фыст у уацау «Гага-аул»-ы бындурыл) автор. Уыцы уацмыс хаст æрцыдис, 1971-æм азы Орджоникидзейы чи рацыдис, йæ уыцы чиныг «Зелимхан»-мæ.

Бирæ рæстæджы дæргъы Гатуйы-фырт куыста, ирон адæммæ Амыраны тыххæй цы хицæн таурæгътæ уыдис, уыдон бабæстон æмæ æмиугонд бакæныныл, стæй сæ уырыссаг æвзагмæ раивыныл. «Амыран» мыхуыргонд æрцыдис 1932 азы, ССР Цæдисы Зонæдты академийы рауагъдады. Дзахо йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ «Амыраны» сюжет уый систа Хуссар Ирыстоны даредзанты таурæгътæй.

Уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

  • Песни. «Горская мысль», 1922, № 3;
  • Зелимхан. Повесть. Ростов-на-Дону, 1929;
  • Амран. Перевод, обработка. М. Изд. АП СССР, 1932;
  • Социальная драма. М., «Художественная литература»;
  • Гага-аул. (Избранные произведения). М. «Гослитиздат», 1960;
  • Зелимхан. Повесть. Гага-аул. Повести. Орджоникидзе, 1965;
  • Избранное. М., «Художественная литература», 1970;
  • Стакан шейха. Орджоникидзе, 1981.

Библиографи[ивын | Бындур ивын]

  • Шелепов Б. Дзахо (Константин) Гатуев. В кн.: Дзахо Гатуев. Зелимхан. Орджоникидзе, 1965;
  • Гатуев С. Дзахо Гатуев. Альманах «Литературная Осетия»;
  • Мамакаев М. Певец Кавказа. «Литературная газета», 1972, № 16;
  • Мамакаев М. Гатуты Дзахо. «Мах дуг», 1982, № 2;
  • Гатуева Ф. Он был солдатом литературы. Альманах «Литературная Осетия», 1982, № 59;
  • Суменова 3. Публицист горьковской школы. «Литературная газета», 1982, 11 авг.;
  • Мамакаев М. Гатуты Дзахо. «Мах дуг», 1982, № 2;
  • Хадарцева А. История осетинской драмы. Часть вторая. Орджоникидзе, 1985.
  • Æлборты-Гуытъиаты Стеллæ. Гатуты Дзахойы очерктæ. «Мах дуг», 2005, № 12;

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 Gatujev, Dzacho // Czech National Authority Database
  2. Суменова З. Гатуев — очеркист. Журналистика на пороге XX века: исторический опыт, современное развитие. Выпуск II. Владикавказ 1997, 94 ф.