Бехранги, Самед

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Самед Бехранги
азерб. Səməd Behrəngi
Райгуырды датæ 1939-æм азы 24 июны(1939-06-24)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1967-æм азы 31 августы(1967-08-31) (28 азы) кæнæ 1968-æм азы 31 августы(1968-08-31)[1] (29 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг, эссеист, сывæлæтты фыссæг, журналист
Уацмысты æвзаг азербайджайнаг æмæ персайнаг[2]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Самед Бехранги (перс. صمد بهرنگی, азерб. Səməd Behrəngi; 1939-æм азы 24 июны, Тебриз, Скæсæн Азербайджан1967-æм азы 31 августы) — ирайнаг фыссæг, равзæрдæй азербайджайнаг, уыди йын социалистон зондахаст.

Зындгонд сси, «Гыццыл сау кæсаг», зæгъгæ, сывæллæттæн кæй ныффыста йæ уыцы чиныджы фæрцы. 1957-æм азæй куыста ахуыргæнæгæй хъæууон скъолайы.

Литературон уацмыстæй уæлдай ныффыста дзæвгар педагогон уацтæ æмæ эссетæ. Бехранги æмбырд кодта азербайджайнаг адæмон сфæлдыстад.

Цацæг Бехрангийы аргъæутты уыди мæгуыр æмæ æнæрастдзинады кой социалисттæм хæстæг позициты ’рдыгæй, уацæг уыцы уацмыстæй бирæтæ уагъд не ’рцыдысты сахы Ираны.

Амарди Самед Бехранги цæугæдон Араксы ленк кæнгæйæ. Йæ амæлынæй аххосджын кодтой сахы режим.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Library of Congress Authorities (англ.)Library of Congress.
  2. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.