Ног хабæрттæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Рарвыстæуыд ацы статьяйæ: «Xabar»)
Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Ирон Википедийы фæстаг ивддзинæдтæ ам фен

Сæргæндтæ

[ивын] 2011

  • 14 ноябрыХуссар Ирыстоны ацыдысты президенты æвзæрстытæ. Райсомы 8 сахатæй кусын райдыдтой 86 æвзарæн хайады. Республикæйы цæрджытæ æвзæрстой 11 кандидаты ’хсæн. Æвзæрстытæ куыд цæуынц, уымæ кастысты 80 дунеон цæстдарæджы, аккредитаци райстой 46 уацхæссæджы. УФ-йы центрон æвзарæн къамисы минæвæрттæ дæр сæ цæст дарынц æвзæрстытæм.

Уыцы иу рæстæг ма республикæйы ацыд референдум – Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзагæн паддзахадон статус раттыны тыххæй.

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, кандидаттæй иу дæр 50 % нæ райста. Уымæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн 2-аг тур.

Æвзарджыты хъæлæстæ адих сты афтæ:

Иннæ кандидаттæй 10 % дæр ничи æрæмбырд кодта. Республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæргълæууæг куыд хъусын кæны, афтæмæй æвзæрстыты 2-аг тур ацæудзæн 15 боны фæстæ.

  • 7 ноябры — Прозаик, драматург, зындгонд æхсæнадон архайæг Хъайттаты Сергæйы номыл абон Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Зындгонд фыссæджы ном æрымысынмæ æрбацыдысты йæ хиуæттæ, æмбæлттæ, хæстæджытæ, ирон театры актертæ æмæ йе сфæлдыстад уарзон кæмæн у, уыдон. Йæ номыл хъуыстысты бирæ рæсугъд ныхæстæ.

Фыдыбæстæйы стыр хæсты фæндæгтыл кæронмæ чи фæцыд, фыдæвзарæнтæ чи баййæфта, уыцы адæймагæн æнæзонгæ нæ уыдысты зындзинæдтæ. Хорз æнкъардта адæймаджы миддуне. Дзурын сыл нæ уарзта. Фæлæ сæ иттæг хорз æвдыста йæ уацмысты. Дунейы алы бæстæты йæ чингуытæм гæсгæ æвæрд æрцыд 22 спектаклы. Йæ «Ирон хабæрттæ» та сты Гарварды музейы кадджындæр экспонаттæй иу.

Ходы Камал, РЦИ-Аланийы фысджыты цæдисы сæрдар: «Абон ардæм чи æрбацыд, уыдон иууылдæр сты Сергейæн кад æмæ æгъдау чи кæны, уыдон. Стыр бынтæ ныууагъта, литературæмæ зынгæ æвæрæн бахаста. Уыд тынг зæрдæхæлар, уæздан. Кæд бирæ цыдæртæ бавзæрста, уæддæр никуы ницæмæй рахъаст кодта. Кæддæриддæр уыд хиуылхæцгæ, æмгаруарзаг, æцæг ирон лæг».

[ивын] 2010

  • 14 апрелы — Китайы провинци Цинхайы æрцыдис тыхджын зæххæнкъуыст, фæмард дзы 1484 адæймаджы.
  • 10 декабры - Мæскуыйы уырыссаг националистты хъæппæрисæй æрцыдысты змæстытæ Кавказы æдæмты ныхмæ. Цалдæр адæймаджы фæмарди националистты къухæй. Уырыссаг националисттæ сыстадысты се ’хсæнæй иуы куы амардтой цалдæр кавказаджы Мæскуыйы уынгты, уый фæстæ.

[ивын] 2009

  • 26 ноябры — Газет «Эр-Рияд» куыд фехъуысын кодта, афтæмæй Сауды Аравийы чи уыди, уыцы тæрккъæвдаты фыдæй фæмарди 48 адæймаджы.
  • 20 мартъийы — 10-минутон сюжет Ирон Википедийы тыххæй Цæгат Ирыстоны телеуынынады популярон изæрон программæ «Пятница»-йы.

[ивын] 2006, октябры мæй

[ивын] 2006, апрелы мæй

  • 5 апрелы — Ирон Википедийы фæзынди 1500-æм статья. Уый у ирон хъæу Хъуптайы тыххæй статья.

[ивын] 2006, мартъийы мæй

[ивын] 2006, февралы мæй

[ивын] 2006, январы мæй

  • 15 январыВикипедийы бон. Фондз азы дæргъы рæзы Википеди, фыццаг англисагау, стæй бирæ æндæр æвзæгтыл, уыдоны ’хсæн 2005-æм азæй фæстæ ирон æвзаг дæр у.

[ивын] 2005, ноябры мæй

[ивын] 2005, октябры мæй

[ивын] 2005, сентябры мæй

[ивын] 2005, майы мæй

[ивын] 2005, апрелы мæй

[ивын] 2005, мартъийы мæй

[ивын] 2005, февралы мæй

Мигæнæнтæ
Номдæттæ

Варианттæ
Æркæстытæ
Архайдтæ
хъæугæ æрвитæнтæ
Бацархай
Мигæнæнтæ
Æндæр æвзæгтыл