LavkaLavka
LavkaLavka, ЛавкаЛавка – фермерты кооператив, социалон амалхъомады сферйы проект, кæцы æвæры йæ разы ахæм хæслæвæрдтæ, куыд хъæууон хæдзарады райрæзт æмæ Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты сæфт гастрономикон æгъдæуттæ. Ис сын онлайн-сервис социалон хызы хуызы, цæмæй дзы фермертæ фæлахсгæнæгтимæ кæрæдайон агайд кæной, æмæ ма ресторанты æмæ магазинты хыз æмбæлгæ фермерон продукциимæ.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Проект сарæзтой æртæ æмбалæй: журналист Борис Акимовæй, IT сферæйы специалистæй Александр Михайловæй æмæ уæйгæнæгæй Василий Польшинæй Мæскуыйы уалдзæджы 2009-æм азы. Амалхъомадгæнджыты идейæ уыдис саразын иумæйаг площадкæ, кæцыйы уыдаид гæнæн уæй кæнын сыгъдæг экологикон хъæууонхæдзарадон продукт æнæ химикаттæй, кæцы нæй ссарæн æндæр магазинты. Сæ хъуыдыйы уыдис фермерты æмæ фæлахсгæнæгты æнæ æхсæнлæгæй баиу кæнын.
Уый тыххæй сарæзтой Интернет-ресурс LavkaLavka, кæм алы фермерæн дæр ис гæнæн аккаунт саразын æмæ йæ продукци уæй кæнынмæ равæрын. Цалынмæ товар сайты фæзына, уæдмæ йæ проекты уæнгтæ сбæлвырд кæнынц æмбæлынц нормæтæм æви нæ, зæгъæм, цахæм тауинæгтæй пайда кæнынц, куы садзынц культурæ, уæд, цæмæй пырх æмæ хъацæн кæнынц цæхæрадон, цахæм уавæрты дарынц фос æмæ а.д. Компани бакуыста хи экологион сертификацийы системæйыл (ЭСС), йæ сæйраг уагæвæрдтæ: аразгæ хъацæнтæн «нæ» зæгъын: пестицидтæн, гербицидтæн, рæзты регулятортæн æмæ низты ныхмæ лæуæн буарадæн[1]. Уыимæ ма æлхæнæгæн йæ бон у исын æнæхъæн информаци продукты тыххæй, уыдон нымæцы къамтæ дæр æмæ хæдзарады афыст (алы хицæн товар заказ цæуы абстрактон ассортиментæй нæ, фæлæ конкретон фемерæй конкретон хæдзарадæй). Кæмдæр дзы ис гæнæн экологион туризмы фадатæн: клиенттæн сæ бон у æрцæуын æмæ хи цæстæй фенын хæдзарады æмæ кондады куыст.
2011-æм азы Мæскуыйы æмæ Бетъырбухы баконд сты LavkaLavka ресторантæ, кæцыты аразын уырыссаг къæбицы хæринæгтæ уыцы сыгъдæг хъæууонхæдзарадон продукцийæ. Бындурæвæрджытæм гæсгæ, ресторантæ сты ориентацигонд фыццаджыдæр ахæм клиенттæм, кæцыты фæнды фенын хъæууон хæринæгтæй, фæлæ цавæрдæр æфсæнтты аххосæй нырма цæттæ не сты продукттæ сайты заказ кæнын. Менюйы дæр афтæ ис афыст куыд æмæ цæмæй арæзт сты хæринагы ингредиенттæ[2]. Меню конд цæуы этикон фæлхасы идеологии æнæмæнг хыгъдимæ. Зæгъæм, ресторан нæ заказ кæндзæн 125 стейкы, уый бæсты балхæндзæн æнæхъæн стур, кæцыйæн йæ алы хай дæр æрцæудзæн арæзт гастронимкон уагтæм гæсгæ. Стурæй куы ницыуал баззайы, уæд фермер æрбаласы ног[3].
2013-æм азмæ проекты уыдис 4 мины æнæивгæ æлхæнæджы, цалдæр дæсой æнæивгæ æввонггæнæджы, йæ æрвылмæйон æфтиаг та уыд 10 милуан сомы[4].
Аргъгæндтæ
[ивын | Бындур ивын]Бизнес-ассоциаци AmBAR 2013-æм азы схуыдта LavkaLavka-йы Уæрæсейы аивдæр социалон стартаптæй сæ иу[5].
Бæрзонд аргъ цыдысты LavkaLavka-йы ресторантæ дæр, афтæмæй газет Комерсанты афæлгæсæг Weekend снысан кодта мæскуыйаг ресторанæн цыппар стъалыйы фондзæй, схуыдта йæ тынг актуалон абоны геополитикон фоны æмæ иттæг хорз æмбæлгæ импортбынативды националон программæйыл[6]. Гом хъæлæсдæттæны результаттæм гæсгæ сæрмагонд порталы Menu.ru-йы кафе LavkaLavka райста преми «Лучший ресторан 2013», «меню из российских продуктов» номинации рамбулгæйæ[7].
Проекты архайдæн хорз аргъгæндтæ кодтой иуæй-иу зындгонд фæсарæйнаг рауагъдадтæ дæр, кæцытæ сæ æрмæджыты фиппайдтой организаци LavkaLavka-йы хуызæн æнтыстдзинæдтæ сты тынг вазыгджын экономикон санкциты уавæрты, кæцыты бакодтой ныгуылæн паддзахæдтæ Уæрæсейы ныхмæ. Проекты тыххæй дзырдтой ахæм цытджын хабархæссæг порталтæ куыд Euronews[8], The New York Times[9].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Анастасия Каримова, Светлана Ментюкова. Экологически чистый пиар . Коммерсантъ (15 апрелы 2013). Датæ: 2015-æм азы 5 майы.
- ↑ Елена Денисенко. Больше, чем магазин(недоступная ссылка). Эксперт (19 мартъийы 2012). Датæ: 2015-æм азы 27 апрелы. Архив 2015-æм азы 4 сентябры.
- ↑ Данила Суслов. Ресторан LavkaLavka открыл свои двери для всех желающих . РБК (4 июны 2014). Датæ: 2015-æм азы 27 апрелы.
- ↑ Юрий Митин, Михаил Хомич. Продукты с именем, или История успеха проекта LavkaLavka . Коммерсантъ (21 майы 2013). Датæ: 2015-æм азы 27 апрелы.
- ↑ Социальное предпринимательство. Тренд? Новый вид бизнеса? . Бизнес-ассоциация AmBAR (14 ноябры 2013). Датæ: 2015-æм азы 27 апрелы.
- ↑ Дарья Цивина. Гастрономический дуализм. Дарья Цивина о Beer & Brut и «ЛавкаЛавка» . Коммерсантъ (17 апрелы 2015). Датæ: 2015-æм азы 27 апрелы.
- ↑ Победители Премии: «Спасибо всем!»(недоступная ссылка). Menu.ru (27 январы 2014). Датæ: 2015-æм азы 27 апрелы. Архив 2016-æм азы 4 мартъийы.
- ↑ Россия: кто вместо импортеров еды?(недоступная ссылка). Euronews (13 апрелы 2015). Датæ: 2015-æм азы 27 апрелы. Архив 2015-æм азы 22 апрелы.
- ↑ NEIL MacFARQUHAR. Organic Farms Become a Winner in Putin’s Feud With the West . The New York Times (18 ноябры 2014). Датæ: 2015-æм азы 27 апрелы.