Ӕ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Ӕ (кириллицæ)-æй æрвыст)
Ӕ (гыццылæй: ӕ) у кириллицæйы дамгъæ. Пайда дзы кæны æрмæст ирон æвзаг, æмæ дзы нысан кæны гоммæ æввахс раззаг æнæтымбылгонд хъæлæсон /æ/. Ирон алфавиты у дыггаг дамгъæ æмæ ис А æмæ Б-йы æхсæн.
Кириллаг Ӕ-йæ XX æнусы райдианы фыццаг спайда кодта Андреас Шёгрен. Йæ равзæрæн уыд латинаг Æ, кæцы йæхæдæг равзæрд латинаг A æмæ E-йы лигатурæйæ.
Кодтæ [ивын]
Уникоды номыртæ:
| Дамгъæ | Уникод |
|---|---|
| Ӕ | U+04D4 |
| ӕ | U+04D5 |