Явайнаг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд

Явайнаг æвзаг (Basa Jawa, Basa Jawi) у дзурджыты нымæцмæ гæсгæ (75 милуанæй фылдæр) тæккæ стырдæр австронезиаг æвзаг. Æмбæлы сакъадах Явæйыл, стæй Индонезийы цалдæр æндæр сакъадахыл.

Кæд явайнагау дзурынц Индонезийы цæрджыты дзæвгар хай (индонезиæгты æмбисмæ æввахс), уæддæр ныры рæстæг æвзагæн нæй официалон статус (Индонезийы паддзахадон æвзаг у индонезиаг). Раздæр явайнаг уыди Голландиаг Ост-Индийы официалон æвзаг.

Явайнаг æвзаг зындгонд у нæ эрæйы I миназонæй фæстæмæ. Райдианы фыссынæн пайда кодтой, йæ бындуры индиаг, фæстæдæр араббаг, фæстагмæ та латинаг дамгъæтæ кæмæн уыди, ахæм уæнгон (силлабикон) фыссынадæй. Ныртæккæ, стæм хаттæй фæстæмæ, пайда кæнынц латинаг алфавитæй.

Индонезийы литературæты ’хсæн явайнаг у тæккæ рагондæр æмæ хъæздыгдæр.

Банюмасайнаг диалект иуæй-иу лингвисттæ нымайын хицæн æвзагыл, уымæн æмæ куыдфæстæмæ йæм фæзынди дзæвгар хицæндзинæдтæ лексикæйы æмæ фонологийы.