Чиндзи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Чиндзийы ныв

Чиндзи[1] кæнæ тымбыл хъонтхора, дыгуронау кендзе (лат. Coriandrum sativum, уырыс. Кориандр) у популярон цæхæрадоны кæрдæг. Ацы кæрдæгæй адæм рагæй базыдтой, игæрæй маст æддæмæ кæй тæры, уый. Йæ мыггæгтæ йын амонынц С-авитаминозы (цингайы) ныхмæ. Хосæн хорз сты йæ цъæх сыфтæ. Бафтауынц сæ алыхуызон салаттыл, бутербродтыл æмæ дзидзайæ конд алыхуызон хæринæгтыл. Йæ мыггæгтæй дзæвгар хъæздыгдæр свæййынц аджикæ, цæхджынтæ, маринадтæ. Сты «Хмели-Сунелийы» ахсджиаг æфтауæн.

Чиндзийы нæмгуытæ дæттынц зынаргъ зети — уымæй пайда кæнынц техникæ æмæ парфюмерийы.

Чиндзийы дидинджытæ æвзæры бирæ нектар, уымæй мыдыбындзытæ кæнынц адджын æмæ рæсугъд сырхбын мыд.

[ивын] Фиппаинæгтæ

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I-æм том. 596 ф.
Мигæнæнтæ
Номдæттæ

Варианттæ
Æркæстытæ
Архайдтæ
хъæугæ æрвитæнтæ
Бацархай
Мигæнæнтæ
Æндæр æвзæгтыл