Чахкиев, Саид Идрисы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Саид Идрисы фырт Чахкиев
Райгуырды датæ 1938-æм азы 22 январы(1938-01-22)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2008-æм азы 30 октябры(2008-10-30) (70 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт
Сфæлдыстады азтæ 1960
Уацмысты æвзаг мæхъхъæлон

Чахкиев Идрисы фырт Саид (мæхъхъ. Чахки Саид Идриса воI; райгуырдис 1938-æм азы 22 январы Насыр-Корты, амардис 2008-æм азы октябры[1]) у мæхъхъæлон фыссæг, поэт, драматург, культурæйы архайæг. 1963-æм азæй фæстæмæ уыдис ССРЦ-ы Фысджыты цæдисы уæнг.

Фыста сывæллæттæн (уырыссаг тæлмацы рацыдис йæ чиныг «Идиг, Мадиг æмæ гыццыл чызг» (уырыс. «Идиг, Мадиг и маленькая девочка»), æппæлыдæуыдис йæ поэтикон сфæлдыстад[2]. Мæхъхъæлон æвзагмæ тæлмац кодта дæсгай авторты æмдзæвгæтæ.

Чахкиев ныффыста æртæ романы: «Сыгъзæрин цæджындзтæ» (мæхъхъ. Дошо бIоагIий, 1963, мæхъхъæлон литературæйы фыццаг роман[3]), «Æрмæстдæр афтæ» (мæхъхъ. Иштта мара, 1967) æмæ «Бирæгъты æхсæвтæ» (мæхъхъ. Бертий бийсаш, 1970).

Чахкиев куыста бирæ бæрнон бынæтты, уыдоны ’хсæн: Мæхъхъæлы ахсджиагдæр газет «Сердало»-йы сæйраг редактор, Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-йы радио æмæ телеуынынады комитеты сæйраг редактор, куклаты республикон театры директор, альманах «Хæхты райсом»-ы («Лоаман Iуйре») сæйраг редактор, сывæллæтты журнал «Арвырон»-ы («СелаIад») сæйраг редактор, Мæхъхъæлы Республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар, Мæхъхъæлы Республикæйы культурæйы министр.

Æддаг æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Magas.ru. 2008.10.30
  2. «...для меня Саид Чахкиев в первую очередь поэт. Поэт глубокий, чистый, светлый...» / Виктор Котляров. Суть Саида Чахкиева
  3. БСЭ, том 29, стр. 516. Москва, 1978