Цагъаты Анастасия

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цагъаты Анастасия
Райгуырды датæ 1919-æм азы 14 июлы(1919-07-14)
Райгуырæны бынат Задæлеск
Мæлæты датæ 2009-æм азы 19 январы(2009-01-19) (89 азы)
Бæстæ
Зонады къабаз æвзагзонынад

Цагъаты Дзаболы чызг Анастасия (райгуырдис 1919-æм азы 14 июлы Задæлесчы — амардис 2009-æм азы 19 январы) уыдис зынгæ иртасæг-лингвист.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Цагъаты Анастасия райгуырдис Задæлесчы, ахуыр кодта Чырыстонхъæуы скъолайы. 1950-æм азы иттæг хорз каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт, 1953-æм азы каст фæцис Тбилисы паддзахадон университеты аспирантурæ — уым йæ ахуыргæнджытæ уыдысты зындгонд иранисттæ, йæ зонадон разамонæг уыдис академик Георгий Ахвледиани.

Йæ диссертаци бахъахъхъæныны фæстæ куыста Цæгат Ирыстоны. Уыдис нормæдæттæг «Ирон æвзаджы грамматикæ»-йы автортæй иу. 1966-æм азæй фæстæ уыдис Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты лингвистикæйы хайады разамонæг. 1971-æм азы рухс федта Цагъаты Анастасияйы монографи Цæгат Ирыстоны топонимийы тыххæй, 1972-æм азы уыцы чиныджы æрмæгыл уый бахъахъхъæдта докторы диссертаци.

1974-æм азы кусын райдыдта Мæскуыйы, Националон скъолаты институты профессорæй, уыцы бынатæй рацыд пенсимæ.

Куыстытæ[ивын | Бындур ивын]

  • Цагъаты А. Дз. Цæгат Ирыстоны топоними. I хай. Орджоникидзе, 1971
  • Цагъаты А. Дз. Цæгат Ирыстоны топоними. II хай. Орджоникидзе, 1975