Цæгат Ирыстоны паддзахадон хæрзиуджытæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджытæ нымад сты паддзахадон арæзтады, экономикæйы, зонады, культурæйы, аивады, хъомылады, ахуырады, адæмы æнæниздзинад, цард æмæ барты хъахъхъæнынады хæрзаудæн архайды сæрмагонд æнтыстдзинæдты, фæллойадон сгуыхтдзинæдты æмæ РЦИ – Аланийы раз æндæр æнтыстдзинæдты тыххæй хорзæхджын кæныны фæткы уæлдæр хуызыл.

РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджытæй хорзæхджын кæныны фæткы барадон æмæ организацион бындуртæбæлвырд кæны закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй» (2007 азы 15 августы).

Паддзахадон хæрзиуджытæ хорзæхджынгонд адæмæн дæттынц кадджын уавæры схорзæхджын кæныны тыххæй РЦИ – Аланийы сæргълæууæджы æмбæлгæ Указ тыхы бацæуыны бонæй æртæ мæйы æмгъуыдмæ. Радон паддзахадон хæрзиуæгæй схорзæхджын кæнæн ис РЦИ – Аланийы раз æнтыстдзинæдты тыххæй хæрзиуæг фæстаг хатт радтыны бонæй паддзахадон хæрзиуæгæй амæйразмæ схорзæхджын кæныны цауæй æппынкъаддæр фондз азы фæстæ.

РЦИ – Аланийы майдантæ[ивын | Бындур ивын]

РЦИ – Аланийы Кадджын нæмттæ[ивын | Бындур ивын]

РЦИ – Аланийы Кады грамотæ[ивын | Бындур ивын]

РЦИ – Аланийы Кады грамотæйæ хорзæхджын кæнынц, æхсæнадон, куыстадон æмæ зонадон архайды, культурæйы, литературæйы æмæ аивады райрæзты чи фесгуыхт, уыцы кусæндæтты кусджыты æмæ коллективты, адæмты æхсæн сабырдзинад æмæ хæлардзинад фидар кæныны хьуыддагмæ æвæрæн бахæссыны, фидауынгæнæг куысты разæнгардæй архайыны тыххæй.